Новости

Archive
Памятные мероприятия, посвященные пятнадцатой годовщине начала военной агрессии Грузии против Южной Осетии.

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Майрæмты мæйы 7-æм бон Национ музейы ацыд нывты равдыст «08.08.08 – 08.08.23», афтæмæй ма Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры 1920 азы ирæтты геноциды тыххæй спектакль «Фæстаг æвдисæн». Уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы адæм æвæрдой дидинтæ мемориалмæ, ссыгътой цырæгътæ, фæмардуæвджыты рухс ном ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ.

Южная Осетия и Абхазия

Республикӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны хӕстон агрессийӕ 15 азы рацыды охыл Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад рарвыста нотӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ.

Сӕрмагондӕй, нотӕйы дзырдӕуы:

«Гуырдзыстоны ӕгъатыр ӕрбабырст Хуссар Ирыстонмӕ 2008 азы майрӕмты мӕйы 8-ӕм бон уӕлдай  хатт равдыста дунеон ӕмӕхсӕнадӕн Михаил Саакашвилийы фыдгӕнон режимы фӕндтӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ хъӕбулты царды аргъӕй бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинад, йӕ фидӕн.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Ӕхсармæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Ацы бон фынддæс азы размæ гуырдзиаг æфсад æрбабырста Хуссар Ирыстоны территоримæ. Знаджы архайдтытæ ‘ркодтой стыр бæллæхмæ, адæмы ‘хсæн бирæ зиæнттæм æмæ бæстыхæйтты пырхæнтæм.

МИД Южной Осетии

15 азы размæ Хуссар Ирыстоны ‘рцыдысты трагикон цаутæ, кæцытæ дыууæ дихы фæкодтой бæстæйы æмæ адæмы цард.

Ахсар Джиоев и Радион Пухаев

Сусæны мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Минæвары куысты фæдыл Европæйы ирон диаспорæтимæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд алыхуызон культурон-рухстауæн проектты дарддæры реализацимæ.

Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 31-æм бон

Ахсар Джиоев и Маргарита Исаакова

Сусæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Мæскуыйы Æхсæнадæмон ахастыты паддзахадон институты (университеты) испайнаг æвзаджы кафедрæйы раздæры ахуыргæнæг, юрист Маргарита Исааковаимæ, кæцы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй базонгæ уа бæстæимæ.

Маргарита Исаакова радзырдта, афæдзы дæргъы кæй æрцæуы Ирыстонмæ æвзаг ахуыр кæныны фæдыл, æмæ ирон æвзаг сахуыр кæнынмæ та сцырен Цæгат Ирыстонмæ фыццаг балцы, афтæмæй ма Нарты кадджытæ æмæ Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ куы бакаст, уый фæстæ.

Ахсар Джиоев поздравил Инала Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ йæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ профессионализм æмæ адæймаджы миниуджытыл дзургæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын Абхазы æддагон политикæйы реализацийы хъуыддагмæ, афтæмæй ма ныры зын уавæрты хуссарирыстойнаг-абхазаг политикон æмæ дипломатон ахастытæ сфидар кæнынмæ дæ хайбавæрд.

Южная Осетия и Венесуэла

Венесуэлæйы национ хъайтар Симон Боливары райгуырдæй 240 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Латинаг Америкæйы, æмæ, сæрмагондæй, Венесуэлæйы адæмтæн Симон Боливары номимæ æнæхъæн дуг у баст, кæцы дзаг у сæрибар æрхæссæг ахсджиаг цаутæй.

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл Фидыды бафыстæй 5 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Праздничное мероприятие по случаю 44-й годовщины победы Сандинистской революции

Сусæны мæйы 19-æм бон Никарагуамæ балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды фæдыл цытджын мадзæлтты.

Сæйраг мадзал ацыд фæзуат «Parque de la Dignidad Nacional»-ы Манагуайы.

Цытджын митингы хайад райстой æхсæнадæмон уазджытæ, Никарагуайы аккредитаци чи рацыд, дипломатон корпусы уыцы минæвæрттæ, Никарагуайы хицауады уæнгтæ æмæ æхсæнад.

Церемония вручения государственных наград

Сусæны мæйы 19-æм бон Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта паддзахадон хæрзиуджытæй Республикæйы алыхуызон къабæзты кусджыты.

Уæлдæр хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къорд кусджытæн, кæцытæ бирæ рæстæг фæкуыстой Министрады системæйы.

Президент сын раарфæ кодта бирæ азты рæстудæй кæй фæкуыстой, уый фæдыл æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы æндидзыны æмæ размæдзыды хъуыддагмæ стыр хайбавæрды тыххæй.

Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 19-æм бон

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды цытæн арвыста арфæйы фыстæг Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Сандинистон адæмон революцийы фæуæлахиз ссис йæ бæстæйы патриотты, рæстдзинад æмæ сæрибары ‘вварсхæцджыты- Латинаг Америкæйы легендарон национ хъайтарты дæргъвæтин æмæ тугкалд тохы фæстиуæг, æмæ, æнæдызæрдыгæй, у ахсджиаг цау, кæцымæ гæсгæ рабæрæг Никарагуайы паддзахаддзинады райрæзты фæндаг».