Тæргæйтты мæйы 26-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр бабæрæг кодтой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ тæргæйтты мæйы 22-æм боны комплекс «Крокус Сити Холл»-ы æрцæугæ трагикон цауты охыл баконд тæфæрфæсты чиныджы ныууагътой фыст.
Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ ирон адæмы номæй тæфæрфæс ракодта æрцæугæ трагедийы охыл, кæцыйы фæхъуыдысты бирæ адæм, уымæй дарддæр ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ бавзæрста террористон атакæтæ æмæ йæ ныфс ис, ацы æгъатыр фыдракæнд саразджытæ кæй баййафдзысты тæрхон.
Тæфæрфæстæ ракæнынмæ ма æрбацыдысты фæсарæйнаг минæвæртты къухдариуæггæнджытæ, Мæскуыйы аккредитацигонд дипкорпусы минæвæрттæ.
Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 26-æм бон