Хуссар Ирыстоны æнæ хъусдард нæ баззадысты Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны снысангонд президентон æвзæрстытæ æмæ историон ном – Паддзахад Алани раздахыны æмæ дзы уæвæг ном Республикæ Хуссар Ирыстонимæ иумæ пайда кæныны фæдыл референдум ауадзыны тыххæй цы фидиуæнтæ парахат кæны, уыдон. Уыцы фидиуæнты æхсæн Европарламенты æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады фæдыл дæлкомитеты Сæрдар Анна Фатыга, АИШ-ы Паддзахадон департамент æмæ æндæр уагдæтты фидиуæнтæ, цыран æвдыст цæуы «арф тыхстдзинад» референдум æмæ æвзæрстыты охыл.
Новости
5 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ æмæ Республикæ Никарагуайы Козаты Н.З.
Козаты Н.З. радзырдта Министрæн йæ визиты деталты тыххæй Венесуэлæмæ, цыран Хуссар Ирыстоны делегаци хайад иста Венесуэлæйы Президент Уго Чавесы мæлæты бонæй 4 азы рацыды цытæн уагъд мысæн мадзæлтты.
Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд Венесуэлæ æмæ Никарагуаимæ хæларадон ахастытæ фидар кæныны куысты актуалон фарстатыл.
4 апрелы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмкусджытæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ дидинджытæ, 3 апрелы Санкт-Петербурджы террористон акты фæстиуæгæн чи фæмард, уыдон ном арынæн.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ боны дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады агъуыстмæ хастой дидинджытæ, Уæрæсейы Федерацийы адæмæн тæфæрфæс кæнгæйæ.
Теракты чи бахауд, уыдон нымæцы ис Хуссар Ирыстоны гуырд Хаситы Виталий. Уый ныртæккæ ис Санкт-Петербурджы рынчындонтæй иуы.
Цхинвал, 2017 азы 5 апрель
31 марты Мæскуыйы уыд фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Наримæн æмæ ногæй снысангонд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Карлос Рафаэль Фария Тортосимæ.
Фембæлды рæстæджы хъуыдытæ загъдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн хæларадон ахастытæ райрæзты æмæ дыууæварсон æмгуыстады перспективæты фæдыл.
Цхинвал, 2017 азы 3 апрель
24 марты Женевæйы ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Советы сессийыл райстæуыд резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», цыран æвдыстæуы тыхстдзинад «Хуссар Ирыстоны адæймаджы бартæ æмæ гуманитарон уавæры» фæдыл, æмæ ма æхсæнадæмон цæстдарджытæн кæй нæй йæ территоримæ бацæуыны бар, уый фæдыл. Ацы документ сессимæ бацæттæ кодта æмæ бавдыста Гуырдзыстон.
2017 азы 9 апрелмæ снысангонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном Паддзахад Алани раздахыны тыххæй Референдумы фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд Министрады æмкусджыты иумæйаг æмбырд.
Бæстонæй æрдзырдæуыд Республикæйы мидполитикон ситуацийыл, æмæ йæ барадон фæлгæтты кæй хъæуы бавæрын, уый æнæмæнгхъæуæгдзинад та бахаххгонд æрцыд.
20 марты цæгат-балтиаг бæстæты делегаци (NB8) æмæ Гуырдзыстоны фидыд æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл паддзахадон министр уыдысты балцы Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон гуырдзиаг цæрæгджын пункт Хурвалеты.
Бæрæг у, ахæм ритуалон экскурситæ фæсарæйнаг делегацитæн Гуырдзыстоны нымад цæуынц сæ диссаджы спектаклы æнæмæнгхъæуæг актыл, цыран Гуырдзыстон æнæаххос амæттаджы ролы дзуры традицион монологтæ фиктивон «оккупацигонд регионтæ» æмæ сæфт «территориалон иудзинады» тыххæй. Ахæм æмбарынадтæн та никуы ницы уыд иумæйагæй реалондзинадимæ.
17 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев аныхас кодтой телефонæй.
Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн дыууæварсон ахастыты райрæзты фарстатыл. Уымæй дарддæр ма æрдзырдæуыд кæрæдзийæн цымыдис чи æвзæрын кæны, ахæм фарстатыл.
Цхинвал, 2017 азы 17 март
14 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ фембæлдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы Уæрæсейы Федерацийы делегацийы уæнгтæ А.А. Двинянин æмæ М.М. Кулахметовимæ.
Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ визиты фæлгæтты 7-8 марты Каракасы уыд дыууæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Адæмон хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты делегациты æхсæн.
Дарддæр кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы визит Венесуэлæмæ. Делегацийы сконды сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим.
Хуссарирыстойнаг делегаци хайад райста Венесуэлæйы лидер Уго Чавесы мæлæтыл цыппар азы сææхæсты цытæн мысæн мадзæлтты. Делегаци фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Венесуэлæйы Владимир Заемскиимæ. Уымæй дарддæр ма уыд фембæлдтытæ æндæр бæстæты делегациты минæвæрттимæ, кæцытæ истой хайад мысæн мадзæлтты.
7 марты Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 39-æм раунды агъоммæ.
Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы азы марты мæйы фæуды Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл.