Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны цытæн арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбамæ

А.М. Джиоев и С.М. Шамба

Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбамæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1993 азы рухæны мæйы 30-æм бон æнустæм баззайдзæн Абхазы историйы йæ адæмы стыр сгуыхтдзинады æвдисæнæй, кæцытæ бахъахъхъæдтой сæ республикæйы хæдбардзинад. Ацы бон мах стыр кад кæнæм, Апсныйы паддзахадон суверенитет æмæ йæ æхсæнадæмон банымады хъуыддагмæ уæзгæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн. Нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм сæ царды аргъæй чи балхæдта бæстæйы Уæлахиздзинад, Абхазы уыцы хъайтарты раз».  

30.09.2024