Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари ИНО-йы Генералон Ассамблейы Гуырдзыстоны премьер-министры фидиуæнты фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзейы фидиуæнтæм, кæцытæ загъд æрцыдысты Нью-Йорчъы ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы рæстæджы. 

Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы ‘рдæм официалон Тбилисы позици ницы ивындзинæдтæ бавзæрста. Уæвæн кæмæн нæй, ахæм терминологи æмæ факттæй пайда кæнын, æцæгдзинадæй дард риторикæ дзурæг сты ууыл, æмæ Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг политикты ивгъуыд нæ уадзы нырма дæр. 

Хуссар Ирыстоны позици бæрæг у, бирæ азты дæргъы иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд загъд. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстонимæ æдасдзинады гарантийы фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы бафыст раздæрау у уæлдай ахсджиаг. Уыимæ иумæ æнæмæнг у, цæмæй 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы цы геополитикон реалитæ сæвзæрд, уыдон нымад æрцæуой. 

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 26-æм бон

26.09.2024