Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы Дæсæм рабадты фæстиуджыты фæдыл хъусынгæнинаг мыхуырæн

Южная Осетия и Россия

2024 азы рухæны мæйы 24-26 бонты сахар Цхинвалы ацыд Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы (дæлдæр- Иумæйаг къамис) Дæсæм рабадт. 

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст. 

Фембæлд цыд сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты. 

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгъуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылтыл.

 

27.09.2024