Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мака Бочоришвилийы загъд ныхæстæм испайнаг агентад EFE-йæн йæ интервьюйы, кæцыйы банысан кодта гуырдзиаг зæронд-ног æддагон политикæйы афтæ хуыйнæг «æвдисæндартæ». Сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ, «йæ бæстæйы нал хъæуы ног хæст Уæрæсеимæ, фæлæ НАТО, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы скондмæ бахизыны ныхмæ нæу».
Новости
Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ райгуырæн боны цытæн.
Арфæйы дзырдæуы:
«Цытджын Æхсар Мураты фырт,
Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн!
Ацæугæ азы кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы нæ фембæлд стыр æхцондзинадимæ лæууы мæ зæрдыл. Уæрæсейы дæ зонынц фæлтæрд дипломатæй, кæцы уæзгæ хайбавæрд бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ дунеон аренæйы сфидар кæныны хъуыддагмæ.
Женевæ, 2025 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон
Æртхъирæны мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Джусойты Нафийы номыл мысæн изæры, кæцы ацыд Культурæйы уæрæсейаг фонды Мæскуыйы.
Зынгæ ирон фыссæг, драматург, публицист, тæлмацгæнæг æмæ Ирыстоны адæмон фыссæгы райгуырдæй 100 азы рацыды цытæн мадзал сарæзтой УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æнаивгæ минæварад Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны Минæварадимæ иумæ æмæ Мæскуыйы ирон общинæ.
Æртхъирæны мæйы 27-æм бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим æмæ Республикæ Никарагуайы Минæварады Уынаффæгæнæг-Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Клаудио Антонио Арана.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæ хæларадон бæстæйы ‘хсæн ахастыты размæдзыд, афтæмæй ма актуалон дунеон цаутыл.
Æртхъирæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Мемориалон дипломати куыд фæссоветон бæстæты адæмы иумæйаг истори бахъахъхъæныны фæрæз»-ы куысты.
Мадзал бацæттæ кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет (ХИПУ) Цæгат Кавказы Федералон университетимæ иумæ (ЦКФУ).
Æртхъирæны мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнджыты Мемориал æмæ 5-æм скъолайы кæрты Мемориалон уæлмæрдмæ веноктæ æмæ дидинтæ сæвæрыны цытджын церемонийы, кæцы ацыд Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы боны æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтæй 32 азы рацыды цытæн.
2025 азы æртхъирæны мæйы 23-æм бон
Æртхъирæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуаппдæттæн коллегийы рабадты, кæцы ацыд æддагполитикон уагдоны 2024 азы куысты фæдыл.
Мадзалы хайад райстой ПМР-йы Президент В.Н. Красносельский, ПМР-йы Уæлдæр Советы æмæ Хицауады къухдариуæгад, ПМР-йы министрадты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Уæрæсейы Федерацийы Минæварады минæвæрттæ, РХИ-йы Официалон Минæварады Сæрдар ПМР-йы æмæ æндæр хайадисджытæ.
Æртхъирæны мæйы 11-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл СДÆК-ы Минæвар Агнес Котуйы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд æбæрæгæй фесæфтуæвджыты фæдыл фарстатыл. Нысангонд æрцыд ацы фадыджы куысты ахсджиагдзинад.
Æртхъирæны мæйы 11-æм бон Цхинвалы ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды дзырд цыд дыууæ кусæгон къорды – ацы азы тæргæйтты мæйы 4-5 бонтæм снысангонд Дискусситы 63-æм раунды æдасдзинад æмæ гуманитарон проблематикæйы фæдыл.
Хайадисджытӕ сфидар кодтой дискусситы сӕйраг нысан – регионы фидар ӕдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъӕнын.
Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Приднестроваг дипломаттæн сæйрагдæр сты патриотизм, бæрзонд профессионалон культурæ æмæ национ интерестæ. Абоны бон бæстæйы æддагполитикон службæйы кусджытæ æнтысджынæй æххæст кæнынц сæ разы лæууæг хæстæ».
Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Уæрæсейы æддагполитикон службæйы минæвæртты иу кæны бæрзонд профессионализм æмæ паддзахады интерестыл иузæрдиондзинад. Бæстæйы ахсджиагдæр æхсæнадæмон интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы уæрæсейаг дипломаттæ æвдисынц æгæрон хъæддыхдзинад.