Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Дипломатон кусæджы боны цытæн

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дунеон аренæйы Уæрæсейы дипломатийы бæрзонд æмвæзад абоны бон бирæбæрцæй у дæ номимæ баст. Æнæфæцудгæ традицитыл бындуриуæг кæнгæйæ, æхсæнадæмон барады нормæтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы æддагполитикон службæ дæ къухдариуæгады бын æнтысджынæй хъахъхъæны æхсæнадæмон аренæйы бæстæйы интерестæ, фæсарæйнаг партнертимæ кæны фæстиуæгджын куыст».

 

10.02.2026