Æртхъирæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Республикæ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан видеоконференцийы хуызы хайад райстой Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты, кæцы ацыд æддагполитикон уагдоны 2025 азы куысты фæдыл.
Мадзалы хайад райстой ПМР-йы Президент Вадим Красносельский, ПМР-йы Уæлдæр Советы æмæ Хицауады къухдариуæгад, ПМР-йы министрадты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барциц, Иугонд Контролон къамисы æмсæрдар Уæрæсейы Федерацийæ æмæ æндæр хайадисджытæ.
Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев йæ доклады банысан кодта, ацæугæ аз Приднестроваг Молдаваг Республикæйæн кæй нæ уыд æнцон, куыстыл цыд æндæвдад, æмæ уый фæстиуæгæн æхсæнадæмон формат «5+2»-йы куыст кæй нæ цæуы æвдæм аз.
Джиоты Æхсар раарфæ кодта приднестроваг коллегæтæн бæрæгбоны фæдыл æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у дывæрсон ахастыты дарддæры фидаркæнынадмæ.
2026 азы æртхъирæны мæйы 10-æм бон