Новости

Archive
Курсы повышения квалификации в Дипломатической академии МИД России

Рухæны мæйы 25-æм бонæй кæфты мæйы 7-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Мæскуыйы Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы цыбыр æмгъуыдмæ рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ ахæм темæйыл: «Æхсæнадæмон ахастытæ.Уæрæсейы æддагон политикæ». 

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хомсы террористон акты охыл.

Нотæйы дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстон горæт Хомсы хæстон академийыл террористон атакæйы цау, кæцыйы фæхъуыдысты адæймаджы удтæ, се ‘хсæн бынæттон цæрджытæ дæр.

Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрста Гуырдзыстоны ‘рдыгæй терроры акцитæ æмæ уый фæдыл у ацы фыдракæнды ныхмæ.

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с представителями студенческого клуба «Аполлон»

Кæфты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы студентон клуб «Аполлон»-ы минæвæрттимæ, кæцытæ Республикæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн схызтысты хох Джермугъмæ. 

Джиоты Æхсар раарфæ кодта клуб «Аполлон»-æн æмæ, сæрмагондæй, хох Джермугъыл Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы тырысатæ чи райтыхта, уыдонæн, афтæмæй ма сын йæ зæрдæ загъта дарддæры æнтыстытæ.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 5-æм бон

Встреча Президента Южной Осетии А. Гаглоева и Министра иностранных дел России С. Лаврова

Кæфты мæйы 3-æм боны Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон ахастыты регионалон æмæ æхсæнадæмон уæрæх фарстытыл.

Регионалон æдасдзинады фадыджы уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Женевæйы дискусситы фæлгæтты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл темæмæ.

Встреча Президента Республики Южная Осетия А.Э. Гаглоева и Президента Республики Абхазия и А.Г. Бжания в расширенном формате

Рухæны мæйы 30-æм бон уæрæх форматы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы фембæлд.

Аслан Бжания раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн, уыимæ иумæ банысан кодта дыууæ æфсымæрон адæмы ‘хсæн сæвзæргæ ахастыты ахсджиагдзинад.

Торжественные мероприятия по случаю 30-й годовщины Дня Победы и Независимости Республики Абхазия

Рухæны мæйы 30-æм бон Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци хайад райста Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бонæй 30 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Цытджын мадзæлттæ райдыдтой 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты Мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийæ. Дидинтæ ма сæвæрдæуыд Абхазы Фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ, кæцы ис хъæу Дæллаг Эшерайы.

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайæн Республикæ Абхазы Уæлахизы Боны æмæ Хæдбардзинады цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1993 азы рухæны мæйы 30-æм бон ссис абхазаг адæмæн стыр сгуыхтдзинады рæстæг. Æнæбасæтгæ национ ныфс, патриотизм æмæ æнгомдзинад равдисгæйæ, уыдонæн бантыст стыр фыдæбæттæ æмæ бирæ зиæнтты фæстæ ‘рыздахын сæ зæхмæ сабырад æмæ æнцойад.

Южная Осетия и Россия

2023 азы рухæны мæйы 26-29 бонты Мæскуыйы ацыд Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы рабадт (дæлдæр- Иумæйаг къамис).

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст.

Фембæлд цыд сабырадон æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты.

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгьуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылты.

 

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Рухæны мæйы 29-æм бон Сухумы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз райсты тыххæй æмæ раарфæ кодта Абхазы адæмæн Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны ‘рæввахс кæныны фæдыл. Абхазаг адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Йæхи ‘рдыгæй Инал Ардзинба банысан кодта, абхазаг адæмæн ахæм ахсджиаг боны æфсымæрон Хуссар Ирыстоны делегацийы æрцыд цытджын мадзæлттæм уæлдай ахадгæ кæй у, уый.

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Нью-Йорчы цæуæг ИНО-йы Генералон Ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты гуырдзиаг хицауады сæрдар Ираклий Гарибашвилийы раныхасмæ. «Абхазаг æмæ ирон хотæ æмæ ‘фсымæртæм» сидгæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, «нæ иудзинады ныхмæлæууæг- нæ иумæйаг знаг», афтæмæй ма радон хатт бавнæлдта «Гуырдзыстоны оккупацийы» темæмæ.

МИД Южной Осетии

Куыд рабæрæг, афтæмæй рухæны мæйы 19-æм бон сахар Дзæуджыхъæуы ацыд УФ-йы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы цур Уæрæсейаг-Гуырдзиаг хъуыддагон советы рацæугæ рабадт, кæцы сырæзт 2023 азы æртхъирæны мæйы. Ацы мадзалы фæуды фæстæ кæцыдæр интернет фæрæзтæ фехъусын кодтой, ома, рабадты рæстæджы загъдæуыд «Хуссар Ирыстоны уылтыл фæндаг бакæныны» хъуыды. Уыимæ иумæ хъæуы банысан кæнын, Уæрæсейаг-Гуырдзиаг хъуыддагон советы официалон сайтыл ацы фарсты кой кæй нæй.