Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары арфæ Республикæ Абхазы Уæлахизы Боны æмæ Хæдбардзинады цытæн

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайæн Республикæ Абхазы Уæлахизы Боны æмæ Хæдбардзинады цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1993 азы рухæны мæйы 30-æм бон ссис абхазаг адæмæн стыр сгуыхтдзинады рæстæг. Æнæбасæтгæ национ ныфс, патриотизм æмæ æнгомдзинад равдисгæйæ, уыдонæн бантыст стыр фыдæбæттæ æмæ бирæ зиæнтты фæстæ ‘рыздахын сæ зæхмæ сабырад æмæ æнцойад.

Ацы бон у ахсджиаг абхазты цалдæр фæлтæры царды, у бæрæгбон, кæцыйы баиу сты уæлахизы циндзинад, цæссыгтæ æмæ сæрыстырдзинад.

Абоны бон Абхаз æмбæлы йæ бæрæгбоныл хæдбар паддзахады хуызы, кæцы ныфсджынæй цæуы размæдзыды, йе ‘хсæнадæмон ном фидардæр кæныны фæндагыл. Ныфс дарын, нæ бæстæтæ æмæ нæ адæмы ‘хсæн рагæй фæстæмæ сæвзæргæ хъарм æмæ хæларадон ахастытæ дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты сабырад бахъахъхъæнынæн, стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн не ‘фсымæрон республикæты хæрзиуæгæн.

Цытджын Инал Батуйы фырт, уемæ иумæ нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм Апсныйы хъахъхъæнджыты рухс нæмтты раз æмæ кад кæнæм, йæ бæстæйæн стыр Уæлахиз кæмæн бантыст æрхæссын, уыцы хъайтартæн».

30.09.2023