Рухæны мæйы 25-æм бонæй кæфты мæйы 7-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Мæскуыйы Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы цыбыр æмгъуыдмæ рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ ахæм темæйыл: «Æхсæнадæмон ахастытæ.Уæрæсейы æддагон политикæ».
Курсытæ уагътой Академийы лектортæ æмæ æрхонгæ эксперттæ. Курсыты фæлгæтты ацыдысты фембæлдтытæ Дипломатон академийы Хæдбар Паддзахадты Цæдисы (ХПЦ) клуб æмæ Уæрæсейы ХПЦ-йы бæстæты цыппæрæм департаменты къухдариуæгадимæ, цыран æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты актуалон фарстытыл æмæ дарддæры æмгуыстадыл. Министрады кусджытæ бабæрæг кодтой Дипломатон академийы музей æмæ библиотекæ, равдыстой сын æнæаивгæ фотоэкспозици «Лицейæ Академимæ», афтæмæй ма сын радзырдтой бæстыхайы историйы æмæ библиотекæйы сырæзты фæдыл. Ацыд библиотекæйы фондты цы литературæ ис Хуссар Ирыстоныл, уыдоны равдыст æмæ стæм чиныджы фондыл экскурси.
Кæронбæттæны церемонийы хайадисджытæн лæвæрд æрцыдысты курсыты фæуды фæдыл Сертификаттæ.
Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 9-æм бон