Хъусынгæнинаг мыхуырæн Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы Фарастæм рабадты фæстиуджыты фæдыл

Южная Осетия и Россия

2023 азы рухæны мæйы 26-29 бонты Мæскуыйы ацыд Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумæйаг демаркацион къамисы рабадт (дæлдæр- Иумæйаг къамис).

Иумæйаг къамис адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл куыст.

Фембæлд цыд сабырадон æмæ кæрæдзиæмбарынады уавæрты.

Иумæйаг къамисы радон рабадты æмгьуыд æмæ бынат бæрæг цæудзысты дипломатон каналты уылты.

 

29.09.2023