Archive

Круглый стол в преддверии празднования Дня России

Хурхæтæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар РПП «Иудзинад»-ы фæхуындæй хайад райста Тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон: хæларад æмæ æмгуыстады фидар кæнынад»-ы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы бæрæгбоны цытæн. 

Международная научно-практическая конференция в Дипломатической академии МИД России

Хурхæтæны мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæргълæууæджы Хæдивæг Коцты Зарина хайад райста æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Тарлевские чтения. К новой архитектуре многополярного мира»-йы, кæцы ацыд Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Мæскуыйы.

Конференцийы рæстæджы сæ хъуыдытæ загътой дипломаттæ, Дипломатон академи æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты, Уæрæсе æмæ хæларадон бæстæты зонадон-иртасæн институтты профессортæ, зонадон кусджытæ. 

МИД Южной Осетии

ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы фæлгæтты райстæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæттæ æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны уавæры фæдыл резолюци. Уыцы резолюцийы райст сцырын кодтой Гуырдзыстон æмæ йæ «хæлæрттæ».

Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бахахх кодта, æхсæнадæмон фæзуаттæ кæй дарддæр кæнынц уавæры æцæгдзинадæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм позицийыл хæцын.

Встреча Ахсара Джиоева с Патриком Поппелем

Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады Минæвар Австрийы Республикæйы Патрик Поппелы, кæцы кусæгон балцимæ ис Цхинвалы.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд æмархайд ауæрæх кæнын æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фарстатыл. Патрик Поппель бæстонæй радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæйы тыххæй информаци дунейон æмæхсæнадмæ бахæццæ кæныны фæдыл йæ архайдыл.

Рабочая встреча с Сопредседателями МДЗ

Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ. 

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хурхæтæны мæйы 25-26 бонтæм снысангонд Дискусситы 64 раунды актуалон фарстатыл. 

Регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сфидар кæныныл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг фарс ногæй бахахх кодта юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл куыст сног кæныны ахсджиагдзинад, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны ‘рдæм тыхæй спайда кæныны бар нæй. 

Церемония возложения цветов к бюсту первого руководителя Южной Осетии Т. Кулумбегова

Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акты райстæй 33 азы рацыды цытæн. 

Ахсджиаг боны фæдыл РХИ-йы Парламенты ацыд æхсæнады минæвæртты цытджын æмбырд. 

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон

 

МИД Южной Осетии

Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы 'хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын æмæ кæрæдзийы банымадæй авд азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2018 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæ, æхсæнадæмон барады сфидаргонд нормæтæ æххæст кæнгæйæ, бындур æрæвæрдтой хæларадон ахастытæн.

МИД Южной Осетии

Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон хæдбардзинад расидыны акты райстæй 33 азы рацыды бон.

Ацы документы райст æнæмæнг уыд хи паддзахад саразынæн, Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн. Хæдбардзинады акт здæхт уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон геноцидæй адæмы фервæзын кæнынмæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон райрæзт æмæ размæдзыд.

1992 азы тъæнджы мæйы 19-æм боны референдумы хатдзæгтыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хæдбардзинады акт ссис уæлахиздзинад æмæ хуссарирыстойнаг адæмы иудзинады æвдисæн.

Видеомост с участием МИД РЮО и Представительства МИД РФ в Донецке

Зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ацыд видеоконференци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар æмæ Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы хайадистимæ. 

Президент РЮО А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы бæрæгбоны цытæн!

Кæддæриддæр дипломатон службæ уыд стыр бæрндзинад æмæ патриотизмы æвдисæн. Æндыгъд æхсæнадæмон уавæрты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоны архайдæн ис уæлдай нысаниуæг, бæстæйы национ интерестæ размæ кæнын æмæ суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы ахсы сæйраг бынат.

А.М. Джиоев

- Æхсар Мураты фырт, æддагполитикон уагдоны сырæзтæй рацыд 33 азы. Цавæр уыд Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны райрæзты фæндаг?

- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоныл æххæст кæны 33 азы æмæ йæ сырæзт æнгом баст у нæ паддзахады райрæзтимæ.

МИД Южной Осетии

Зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бон Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ацыдысты парламентон æмæ регионалон æвзæрстытæ. Национ æвзарæн советы хатдзæгтæм гæсгæ Национ ассамблейы 24 бынатæй 23 райста Альянс «Стыр патриотон полюс», кæцыйы сконды ис Венесуэлæйы Иугонд социалон парти. 

Æхсæнадæмон цæстдарджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, уагæвæрдмæ гæсгæ. 

Арфæ кæнæм Венесуэлæйы æнтысджын æвзæрстыты фæдыл æмæ ныфс дарæм, Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон