Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.
Ныхас ацыд конструктивон æмæ хæларадон уавæры, æддагполитикон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады фарстатыл, регионалон æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты æмгуыстады сæйрагдæр здæхтытыл, се ‘хсæн Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист.
Джиоты Æхсар банысан кодта, Хуссар Ирыстоны бузныг кæй сты Уæрæсейы Федерацийæн æвзонг паддзахады социалон-экономикон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны, æхсæнадæмон аренæйы йæ раразмæ кæныны, хуссарирыстойнаг зæххыл сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы æххуысы фæдыл. Министр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта æмæ банысан кодта Сергей Лавровы хайбавæрд Республикæйы интерестæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ.
Сергей Лавров раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн Республикæйы сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн æмæ банысан кодта, Уæрæсейы Федераци кæй у Хуссар Ирыстоны æввахс хæлар æмæ дарддæр дæр æппæтварсонæй уыдзæн Республикæйы фарсмæ, хъахъхъæндзæн ын йе ‘дасдзинад, дунеон æмæхсæнады рæгъмæ хæццæ кæндзæн 2008 азы цаутæ, æххуыс кæндзæн социалон-экономикон фадыджы, кусдзæн æддагполитикон партнерты нымæц уæрæх кæнынадыл.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Протоколы управленийы сæрдар Къадзты Олеся.
2025 азы кæфты мæйы 1-æм бон