Archive

Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй кусæгон балцимæ ацыдысты Республикæ Никарагуамæ, цæмæй хайад райсой Сандинистон революцийæ 45 азы рацыды охыл цытджын мадзæлтты. 

Делегацийы сконды Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим. 

Манагуамæ балцы фæлгæтты уæрæсейаг дипминæварады сæрдары резиденцийы ацыд фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Александр Хохоликовимæ. 

Сусæны мæйы 15-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Минæварады Бельгийы ацыд церемони, кæцыйы Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Бельгийы Александр Токовинин схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Бенилюксы бæстæты (Бельги, Нидерланды æмæ Люксембургы) Пухаты Радионы «Æмбæстаджы кадджын нысан»-æй.      

Сусæны мæйы 15-æм бон Республикæ Никарагуамæ балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æрцыд Каракасмæ, цæмæй хайад райса Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 45 азы рацыды цытæн цытджын мадзæлтты. 

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæгыл аэропорты сæмбæлдысты Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Венесуэлæйы Сергей Мелик-Багдасаров æмæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ.

Балцы Министримæ ис Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуа æмæ Венесуэлæйы Козаты Нарим. 

Абон Хуссар Ирыстоны цæуынц Фидауынгæнæджы боны цытæн мадзæлттæ.

32 азы размæ, 1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон, Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджыты къухæй бафыстгонд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты Сабырад бавæрыны æмхæццæ тыхтæ.

Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæджы куыст нымад æрцыд дæнцæгыл, фæлæ 2008 азы майрæмты мæйы уæрæсейаг фидауынгæнджыты гуырдзиаг «коллегæтæ» чъылдымæй куы райдыдтой æхсын, уæд дзы фæхъуыд бирæ нымæц адæймаджы. 

МИД Южной Осетии

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бухаресты хурхæтæны мæйы 29-æм бонæй сусæны мæйы 3-æм бонмæ уагъд цыд ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейы 31-æм æрвылазон сесси, кæцыйы рæстæджы ист æрцыд деклараци. Декларацимæ хаст æрцыд сидт, цæмæй Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй уайтагъддæр ракæной уæрæсейаг гæрзифтонг тыхтæ. 

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, йæ фыстæджы Джиоты Æхсар банысан кодта Виталий Игнатьевы стыр хайбавæрд дыууæ бæстæ æмæ адæмы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар кæныны хъуыддагмæ æмæ йæ зæрдæ загъта фидар æнæниздзинад, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ куысты.   

 

Южная Осетия и Венесуэла

Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинто æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ. 

МИД Южной Осетии

Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Беларусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бæстæйы сæйраг паддзахадон бæрæгбон у белорусаг адæмы национ сæрыстырдзинады, йæ иудзинад æмæ æнгомдзинады æвдисæн, сæрибар æмæ сабырады принциптæм тырнындзинады нысаниуæг. 

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 32 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Министрад æнæрлæугæйæ цæуы снысангонд фæндагыл, кæцы здæхт у адæмы æмæ паддзахады æдасдзинад фидар кæнынмæ, æхсæнадæмон диалог аразынмæ, республикæйы æддагон бастдзинæдтæ уæрæх кæнын æмæ дунейы аренæйы йæ хæдбардзинад банымайынмæ.

МИД Южной Осетии

2024 азы хурхæтæны мæйы 25-26 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 61-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ.

Памятные мероприятия в Бресте

Хурхæтæны мæйы 20-22 бонты Бресты цæуынц Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлттæ.

Брестская крепость-герой

Хурхæтæны мæйы 21-22 бонты Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлтты, кæцытæ ацæудзысты Бресты.

Хурхæтæны мæйы 22-ы изæр мемориалон комплекс «Бресты гæнах-хъайтар»-ы ацæудзæн Бресты зылды филармонийы камерон оркестры равдыст «Мысæн музыкæ», уый фæстæ митинг-реквием «Фæмардуæвджыты рухс ном аккагæй хæссут!» – Æнусон артмæ дидинтæ сæвæрыны церемони. Кобрины фидары ацæудзæн хæстон-историкон реконструкци «1942 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон. Бресты гæнах».