Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

Кæфты мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ, кæцы радзырдта кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæугæ Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы сæрдар Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджытыл. 

Джиоты Æхсар бæстонæй радзырдта уæрæсейаг коллегæимæ фембæлды фæдыл. Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон ахастыты райрæзтыл. 

«Сергей Викторы фырт бузныджы ныхæстæ загъта цы арфæйы фыстæг æм æрцыд æрвыст, уый фæдыл. Уæлдай тынг банысан кодта Хуссар Ирыстоны ахсджиагдзинад Уæрæсейæн», - загъта Министр. 

Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны сæрдар рахицæн кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ бастдзинæдтæ. Сæрмагондæй, нысангонд æрцыд зæрдæвæрæны мæйы 10-æм бон Мæскуыйы ацæугæ фембæлд, афтæмæй ма Уæрæсейы боны телефонæй ныхас. 

Нысан æрцыд рухæны мæйы 18-20-æм бонты Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон экономикон форумы бæрзонд æмвæзад. Сергей Лавров банысан кодта, бафыстгонд бадзырдты реализаци кæй дæтты хорз тырнынад республикæйы дарддæры размæдзыдæн. Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд 2026-2030 азтæм цы социалон-экономикон программæ цæуы цæттæ, уымæ. Афтæмæй ма загъдæуыд, Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстон дарддæр дæр кæй рæздзæн, уый фæдыл.  

«Сергей Викторы фырт банысан кодта, Уæрæсе кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны фарсмæ куыд æдасдзинады, афтæ æмархайды æндæр фадгуыты дæр», - загъта Джиоты Æхсар. 

Фембæлды фæлгæтты бафыстгонд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Консультациты пълан. Ацы документмæ гæсгæ цæуы æнгом æмархайд алыхуызон фадгуыты æмæ иумæйаг æххуыс дыууæ бæстæйы размæдзыдæн.

Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Джиоты Æхсарæн саразгæ куысты фæдыл æмæ бахахх кодта, Сергей Лавровимæ фембæлд ахсджиаг кæй у Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн стратегион партнерад æмæ хæларадон ахастыты дарддæры фидар кæнынадæн.

 https://presidentruo.org/vstrecha-s-ministrom-inostrannyh-del-ahsarom-dzhioevym-5/

09.10.2025