Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн дипломатон рангтæ æмæ хорзæхтæ раттыны фæдыл

Кæфты мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæ раттыны церемони. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар схорзæх кодта паддзахадон æмæ уагдонон хæрзиуджытæй дипломатон службæйы кусджыты, кæцытæ уæзгæ хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн мадзæлтты рæстæджы.  

Афтæмæй ма Министрады кæцыдæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты дипломатон рангтæ. 

Министр банысан кодта коллегæты бæрзонд профессионализм æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта бæстон æмæ фæстиуæгджын куысты тыххæй. 

2025 азы кæфты мæйы 10-æм бон

 

10.10.2025