Archive

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæйы чи цæры, уыдоны ‘хсæн дын ис стыр цыт æмæ кад. Æгæрон у дæ хайбавæрд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастытæ, нæ бæстæты 'хсæн интеграцион процессты размæдзыды хъуыддагмæ».

Встреча А.М. Джиоева с представителями Представительства МККК в РЮО

Майрæмты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады кусæг Марко Дошлякы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.

МИД Южной Осетии

Сусæны мæйы 30-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Министрадты 'хсæн 2024-2025 азтæм бафыстгонд Консультациты пъланмæ гæсгæ дывæрсон консультацитæ. 

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты А.М. æмæ РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.

Консультациты рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой æхсæнуагдонон æмгуыстады актуалон фарстатæ æмæ æхсæнадæмон аренæйы æмархайдыл. 

2025 азы сусæны мæйы 31-æм бон

Сусæны мæйы 25-æм бонæй майрæмты мæйы 6-æм бонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ Америкæйы Иугонд Штатты Национ гвардийы хайадистæй Гуырдзыстоны ацæудзысты НАТО-йы ахуыртæ Agile Spirit – 2025. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй уыдон здæхт сты хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр, афтæмæй ма 13 бæстæ-хайадисæджы 'хсæн æмархайд сфидардæр кæнынмæ. 

Венесуэлæйы национ хъайтар Симон Боливары райгуырдæй 242 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: 

Сандинистон Революцийы Фæуæлахизæй 46 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Сусæны мæйы 18-æм бон Мæскуыйы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады ацыд Сандинистон Адæмон революцийы Фæуæлахизæй 46 азы рацыды фæдыл цытджын мадзал.

Мадзалы уазджытæ систы УФ-йы аккредитацигонд дипломатон корпус, УФ-йы ПД-йы депутаттæ, Уæрæсейы ФХъМ-йы, Уæрæсейы хицауады, æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ.

МИД Южной Осетии

Израилы ‘рдыгæй Сириаг Араббаг Республикæйыл æмæ, сæрмагондæй, президенты галуан æмæ Дамаскы Генералон штабы территорийыл уæлдæфон атакæ цæуы æхсæнадæмон барад æмæ ИНО-йы Уагæвæрды ныхмæ.

Сирийы территориалон иудзинад æмæ суверенитеты ‘вварс уæвгæйæ, стæм Израилы фарсæрдыгæй ахæм архайдтыты ныхмæ, кæцытæ ахъаз сты Æввахс Скæсæны регионы æндыгъддзинады райрæзтæн. Нымайæм, ахсджиаг кæй у уавæры дарддæры негативон райрæзт ма бауадзын æмæ уæвæг ныхмæлæуддзинад та æрбæстон кæнын æрмæстдæр политикон-дипломатон фæрæзтæй.

2025 азы сусæны мæйы 16-æм бон

Стела памяти солдат и офицеров миротворческих сил

Абон, сусæны мæйы 14-æм бон Хуссар Ирыстоны цæуынц Фидауынгæнæджы боны цытæн мадзæлттæ.

33 азы размæ, 1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон, Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджыты къухæй бафыстгонд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты Сабырад бавæрыны æмхæццæ тыхтæ.

Уый фæстæ 16 азы дæргъы ирон, уæрæсейаг æмæ гуырдзиаг батальонтæ æндыгъд уавæры систы хæстон архайдтыдтæ æрмынæг кæныны фидар гарант.

Мероприятия по случаю Дня независимости Венесуэлы

Сусæны мæйы 5-æм бон Уæрæсейы уæвæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады фæхуындæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн мадзæлтты.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ юбилейы цытæн.

Сæрмагондæй, йæ фыстæджы Джиоты Æхсар банысан кодта Виталий Игнатьевы хъæздыг дипломатон фæлтæрддзинад, бæрзонд профессионализм æмæ йæ хъуыддагыл æнувыддзинад, афтæмæй ма Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы ‘хсæн хæларадон ахастыты райрæзтмæ йæ хайбавæрд. Йæ зæрдæ йын загъта фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ дипломатон фадыджы.

Южная Осетия и Венесуэла

Сусæны мæйы 5-æм бон Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ нысан кæны Хæдбардзинады бон. Ацы бон 1811 азы Венесуэлæйы Национ конгрессы депутаттæ бафыстой испайнаг коронæйæ Хæдбардзинады деклараци.

Венесуэлæйы национ бæрæгбоны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: