Джеоргуыбайы мæйы 13-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Сергей Глазьевы фембæлд.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны æмархайды фæдыл Цæдисон паддзахады структурæтимæ, сæрмагондæй, гуманитарон æмæ культурон фадгуыты.
Фембæлды ма хайад райстой Цæдисон паддзахады Æнæивгæ Комитеты Социалон политикæ æмæ информацион ифтонгады Департаменты Сæрдар Ольга Бороненко æмæ УФ-йы уæвæг РХИ-йы Минæварады Уынаффæгæнæг Денис Долгушев.
2025 азы джеоргуыбайы мæйы 13-æм бон