2025 азы джеоргуыбайы мæйы 12-æм бон Женевæйы ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 65-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Раунды рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны‘хсæн, афтæмæй ма Абхаз æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтæм хæстæг районты стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстаты фæдыл. Нысангонд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст райдайыны æнæмæнгдзинад.
Ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты ахсджиагдзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æрдзырдæуыд Механизмы куысты ахадындзинад æмæ уыцы форматы «тæвд хахх»-ы архайдыл.
Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ банысан кодтой, æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æнæмæнг кæй у, цæмæй Гуырдзыстон бафысса Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ. Ацы фадыджы куыст дарддæр кæнынмæ аздæхтæуыд æдасдзинады фæдыл дискусситы хайадисджыты сæйраг хъусдард.
Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл куыст сцырен кæнын кæй хъæуы æмæ æрсидт гуырдзиаг фарсмæ ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн уæзгæ къахдзæфтæ саразынмæ.
Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уый тыххæй та ногæй æрцыд загъд.
Лигъдæтты проблемæйы фæдыл ацы раунды дискусси нæ ацыд. Лигъдæтты темæйыл ныхас сног кæныны фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон æрлæууын кæна ацы проблемæйы аразгæ политизаци.
Хъуыдытæ ма загъдæуыд æндæр гуманитарон фарстаты фæдыл дæр.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы радон фембæлд нысангонд æрцыд 2026 азы тæргæйтты мæйы.
2025 азы джеоргуыбайы мæйы 13-æм бон