Джеоргуыбайы мæйы 28-æм бон Хетæгкаты Къостайы номыл гимназ «Альбион»-ы ацыд Æвзонг дипломатты клубы цытджын баконд. Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы Сæргълæууæг Санахъоты А.Г. æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы консультант Уалыты Е.П.
Рабадты рæстæджы ахуырдзаутæ равдыстой сæ цымыдисдзинад æхсæнадæмон ахастыты истори æмæ дипломатимæ. Скъоладзаутæ радзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагон политикæйы райрæзты ахсджиагдæр рæстæджытыл.
Санахъоты А.Г. раарфæ кодта æвзонг дипломаттæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта æнтыстытæ. Йæ раныхасы Санахъоты А. банысан кодта, Æвзонг дипломатты клубы хайадист скъоладзаутæн ахъаз кæй уыдзæн канд æхсæнадæмон ахастыты истори, дипломати æмæ алыхуызон бæстæты культурæты фадыджы зонындзинæдтæ уæрæх кæнынæн нæ, фæлæ ма æнтысджын диалог уадзын æмæ хъуыды фидарæй рæгъмæ хæссыны фадыджы фæлтæрддзинад райсынæн дæр.
2025 азы джеоргуыбайы мæйы 28-æм бон