Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари «Европæйы советы» Генералон секретары иугонд доклад «Гуырдзыстоны конфликт»-ы фæдыл

МИД Южной Осетии

Джеоргуыбайы мæйы 18-æм бон Европæйы Советы Министрты комитеты рабадты рæстæджы рæгъмæ рахастæуыд Европæйы Советы Генералон секретары 32-æм иугонд доклад «Гуырдзыстоны конфликт», кæцыйы Хуссар Ирыстоны уавæр æвдыст цæуы иуварсонæй æмæ сыдывдæй.  

Сæрмагондæй, доклады æвдыстæуы сыхаг паддзахады хицауад кæй «тыхсынц» Хуссар Ирыстоны æдасдзинад, гуманитарон æмæ адæймаджы барты фадыджы уавæрыл, лигъдæтты фæстæмæ ‘рыздæхыны проблемæйыл.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ахæм докладтæн æрмæг цæуы æрмæстдæр Гуырдзыстонæй, æмæ уыцы æрмæг развæлгъау у æнæраст. Цæттæ сæ цы «эксперттæ» кæнынц, уыдон та Хуссар Ирыстоны нæдæр уыдысты æмæ зонгæ дæр нæ кæныц, уавæр дзы æцæг цавæр у, уый.

Æхсæнадæмон структурæты позици нымайæм æнæаиппыл. Уавæр æцæг куыд у, уымæ нæкæсгæйæ, уыдон уæддæр нымайынц Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны хайыл. Бæрæг у, æмæ ахæм докладтæн ис популистон æмæ уæвæг æцæгдзинадыл хи ацух кæныны здæхт.  

Æхсæнадæмон барады нормæтыл бындуриуæг кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон расидт хæдбардзинад 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон æмæ 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон та йæ хæдбардзинад нымад æрцыд Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй. У паддзахад, кæцы бынтондæр ницы бар дары Гуырдзыстонмæ.

Лигъдæтты проблемæйыл куы дзурæм, уæд та иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд нысангонд, гуырдзиаг фарс ацы проблемæ кæй политизаци кæны, уый фæдыл Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты ацы ахсджиаг гуманитарон фарстайыл дзырд нал цæуы. Ахæм политикæ дарддæр куы цæуа, уый æппæрццагæй бандавдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн ахастытæ æрбæстон кæныны хъуыддагыл.

2025 азы джеоргуыбайы мæйы 20-æм бон

 

20.11.2025