11 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй, уыдис кусæгон фембæлд Женевайы дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисæг делегацийы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Женевайы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ фембæлд, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты радон дискусситы раунды хæдразмæ.
Archive
2015 азы 2-3 июны Мæскуыйы уагъд цыдис æвзонг дипломатты Дыккаг форум. Хайад дзы райстой Абхазы, Сомихстоны, Белоруссийы, Хъазахстаны, Хъыргъызы, Молдавийы, Уæрæсейы, Таджикистаны, Туркменистаны æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдæтты минæвæрттæ. Форумы хайадисджытæ æнæформалон, хæларадон уавæрты руынаффæ кодтой æхсæнадæмон боны фæткы бирæ фарстатыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнджытæ æмæ эксперттæ.
БНО ГА лигъдæтты ‘вварс рахæцыны тыххæй цы резолюци райста уый фæдыл
2015 азы 3 июны БНО Генералон Ассамблея ныр æвдæм хатт рахæцыдис Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæтты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон проблемæты тыххæй Гуырдзыстоны резолюцийы проекты ‘вварс. Резолюцийы тыххæй сæ хъæлæстæ радтой 75 бæстæйы æмæ 16 та уыдысты йæ ныхмæ. Æхсызгон хъуыддаг у уый æмæ резолюцийы проекты фарс чин æ рахæцыдис, уыцы паддзахадты нымæц кæй фæфылдæр æртæ иуæджы.
Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрвылкъварталон хыгъды, афтæ ма Сербийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ивица Дачич катайдзинад загътой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны уавæры тыххæй. Арæзт æрцыдис хъусынгæнинаг «ЕЦÆО мисси кæронмæ сæндидзын кæныны æмæ уыцы территоритæм æхсæндунеон цæстдарджыты бауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад».
2015 азы 28 майы Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. Аппараты уыдис фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы уæнгтæ А.А. Двинянин, Н.Е. Жуков æмæ М.М. Кулахметовимæ. Фембæлды хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты К.И.
- 28 майы нысан цæуы хуссарирыстойнаг дипломатийы бонæй. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзыны рæстæгимæ йæ куы абарæм, уæд гæнæн ис æмæ зæгъæм хуссарирыстойнаг дипломати ног, гъæдджын æмвæзадмæ рахызтис, зæгъгæ? Æмæ цы у йæ приоритетон фæдæздæхт РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты архайды ныры политикон ситуацийы?
- 28 майы 23 азы æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад саразыныл. Традицимæ гæсгæ ацы бон нысан цæуы, куыд Хуссар Ирыстоны дипломатийы бон, афтæ.
2015 азы 16 майы Сардинийы г. Сассарийы уагъд æрцыдис дунеон конференци ахæм темæйыл: «Националон хæдбардзинад æмæ дунеон æмхæдбарад». Сорганизаци йæ кодта парламентон къорд æмæ Федераци Медитерранеа-Маре Нострум (Бæстыастæу денджыз – нæ иумиаг денджыз) Сардинийы Регионалон Советы фарсхæцынадæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй конференцийы арфæйы ныхас ракодта Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиа.
2015 азы 12 майы Европæйы Цæдисы Министрты хæдивджыты комитет «Европæйы Цæдис æмæГуырдзыстоны кофликт»-ы боны фæткы фæлгæтты цы уынаффæ рахаста, уым æвзæрыл банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыстой уый, цыма «гуымир æгъдауæй фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад æмæ йын нæй юридикон тых».
5 майы ГФР æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлды рæстæджы Франк Вальтер Штайнмаер радон хатт рахæцыдис «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс» æмæ йæ æнæразыдзинад загъта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл сразыдзинады бадзырдыл сæ къухтæ кæй æрфыстой, уый тыххæй. Гуырдзыстоны фарсхæцыны хъуыддаджы Германы позици ног нæу.
Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис бæрæгбонон церемони Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæты Минæварадтæ бакæныны фæдыл. ЛАР делегацийы сæргъ лæууыдис ЛАР Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Хоршева Наталья Иваны чызг. ДАР делегацийы сæргъ та – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кофман Александр Игоры фырт.
2015 азы 23 апрелы Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниель Манагуайы фембæлдис Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Самуэль Сантос Лопесимæ.
Фембæлды Тыбылты Даниель Самуэль Сантос Лопесмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.
Ныхас кæныны рæстæджы, кæцы ацыдис кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ æмбарыны уавæрты, кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дывæрсыг ахастытæ æмæ дунеон боны фæткы актуалон фарстаты фæдыл.
Цхинвал, 2015 азы 24 апрель
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, 2015 азы 23 апрелæй кæй райдайдзæнис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) конкурсон равзæрсты нысанон бынæтты хайад райсын сæраппонд кæй райдайдзæнис куырдиæттæ исын.