Бадзырдты фæлгæтты, кæрæдзимæ ахст чи сты, уыдон ссæрибар кæныны фæдыл къухбафтгæ сразыдзинæдтæм гæсгæ 10 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон минæвæрттæм лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ Зассеты Георгий, Коцты Иосиф, Уалыты Георгий æмæ Тъурашвили Барис. Уыдонæн 2005 азы Гуырдзыстоны тæрхонгонд æрцыдис цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.
Сæ радтыны процедура уыдис абхазаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны Контролон-уадзæн пункты цæугæдог Ингуы былыл. Хайад дзы истой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К., Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Чирикба В., Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Абхазы Боциты О., æндæр официалон адæймæгтæ.
Хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг фæрстæ дæр ссæрибар кодтой æмæ гуырдзиаг хицауадмæ радтой, сæ ахсты ‘мгъуыд Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы чи ‘рвыстой, Гуырдзыстоны цалдæр ахæм æмбæстæджы.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Гуырдзыстоны фальсификацигонд тæрхон кæуыл æрцыдис, уыдоны ссæрибар кæнынæн фадат фæцис, уымæй размæ РХИ Президент Тыбылты Л. Æмæ РА Президент Р. Хаджинбайы къухты цы бадзырдтытæ бафтыдысты, уыдоны фæрцы, æнгом æмкуысткæнынад æмæ æмархайды фæстиуæгæн æмæ фæрсты фидар фæндондзинады руаджы.
Тæрхонгонд кæуыл æрцыдис дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр, уыдон ссæрибар кæныны гæнæнты тыххæй хуссарирыстойнаг делегаци консультацитæ уагъта Женевайы дискусситы форматы.
Цхинвал, 2016 азы 10 март