Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 35-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2016 азы 22-23 марты Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон 35-æм раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.
Дискусситæ цыдысты дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл.
Хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттæ сæ бацæуæн раныхæсты банысан кодтой, 2016 азы 10 марты Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны хицауадтæ ахæстæтты æртæварсонæй кæй ссæрибар кодтой, уыцы факт, æмæ бузныг загътой ацы процессы чи райста хайад, уыдон нымæцы Женевæйаг процессы фæлгæтты дæр, æппæт уыдонæн. Раунды хайадисджытæ бахахх кодтой, ахæстæтты ссæрибары æрцæугæ хабар кæй у Женевæйаг дискусситы хайадисджыты æмархайды фæстиуæг.
Ныхæсты рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс ногæй раразмæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæты фарста. Уый тыххæй æхсæнадæмон æхсæны лæгтæ фидарæй ныфс бавæрдтой, Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй сæфт Хуссар Ирыстоны цæрджыты фæдысгæрсты куыст кæй адарддæр кæндзæн сæрмагондæй æрбахуынд хæдбар æхсæнадæмон эксперт.
Фыццаг кусæгон къорды сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыдис, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны фарстатæм. Эксперттæ адарддæр кодтой сæ куыст тыхæй ма спайда кæныны тыххæй фидиуæныл. Фидиуæны æххæст текст та кæй нæ бантыст райсын, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци æрсидт дискусситы хайадисджыты ахæм цыбыр фидиуæн сабырадон æрбæстон кæныны принципты хæст кæй сты, уый фæдыл райсынмæ, кæцыйы тексты уагæвæрдтæ никæмæ сæвзæрын кæндзысты æнæразыдзинад. Дискусситы хайадисджытæн сæ фылдæр ууыл сразы сты, фæлæ та ногæй Гуырдзыстоны минæвæрттæ сæхи атигъ кодтой. Бадзырдтой, цæмæй ацы куыст адарддæр кæной иннæ раунды рæстæджы.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ аиуварс кодтой гуырдзиаг делегацийы фæлварæн регионы æдасдзинады фарстатæ бабæттын хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дыууæварсон ахастытимæ æмæ бахахх кодтой, хуссариыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ кæй бындуриуæг кæнынц æмæ рæзынц æрмæстдæр æхсæнадæмон-барадон бындурыл æмæ кæй сты регионы сабырад æмæ æдасдзинады интерестæм здæхт.
Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстатыл дзургæйæ, хайадисджытæ банысан кодтой фæстаг рæстæджы дзы серьезон инциденттæ кæй нæ уыд, уый. Уыимæ иумæ банысангонд æрцыд гуырдзиаг фарсы провокацион активондзинад арæнгæрон территориты, паддзахадон арæны режим барæй халыны факттæ. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ гуырдзиаг фарсæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады бавдыст иумæйагæй бавналын Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæны делимитаци æмæ демаркацийы дыуууæварсон куыстытæм.
Дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой, Женевæйаг дискусситы фæлгæтты уæвæг Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы (МПРИ) куысты эффективондзинад æмæ хъæуæгдзинад, куыд хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны районы стабилондзинад æмæ æдасдзинады ахсджиаг фактор, афтæ. Нысан æрцыдис МПРИ-йы фæлгæтты уæвæг бастдзинад «тæвд хахх»-ы куысты эффективондзинад. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ гуырдзиаг хайадисджыты æмæ Евроцæдисæй Гуырдзыстоны цы цæстдарджытæ ис, уыдоны бафæдзæхстой, хъæддаг зайæгойтæ æмбырд кæныны сезоны æрбалæуды рæстæджы паддзахадон арæны режим хæлд кæй ма хъуамæ æрцæуа, уый тыххæй.
Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы минæвæрттæ тыхстдзинад равдыстой регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн тæссаг чи у, Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы æхсæн ахастыты ахæм æввахсдзинады тыххæй, æмæ ма гуырдзиаг хицауады минæвæртты æрдыгæй æнæрлæугæ агрессивон риторикæйы фоныл Гуырдзыстоны территорийыл альянсы инфраструктурæйы сарæзт. Ноджы ма банысангонд æрцыд, Гуырдзыстоны территорийыл, сæрмагондæй, Панкъисы комы, кæй архайы террористон организаци ДАИШ-ы цæттæгæнæн базæ æмæ уый та тыхстдзинад æвзæрын кæны.
Фембæлды хайадисджытæ характеристикæ радтой гуырдзиаг пропагандон къахдзæфтæн, кæцыты нысан у æхсæнадæмон структурæтæн сæ цæстæнгас бауырнын кæнын сæ докладты фæрцы, цыран дзырдæуы, ома Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы «адæймаджы бартæ хæлд цæуынц» æмæ, ома æхсæнадæмон минæвæртты та Хуссар Ирыстонмæ нæ уадзынц.
Дискусситы рæстæджы бæстон ныхас æрцыд гуманитарон фарстатыл, цыран æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хъысмæтыл. Хайадисджытæ сразы сты сæ радон фембæлды рæстæджы Женевæйы, æбæрæгæй сæфт адæмы проблемæ аиуварс кæныны иумæйаг принциптæ райсыны охыл документы проект иумæ бацæттæ кæнын.
Культурон бынты фарстатыл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг хайадисджытæ ногæй сæвæрдтой уникалон иконæ-триптих, кæцы уыд хуссарирыстонаг музейæ давд æмæ ныртæккæ ис Гуырдзыстоны, фæстæмæ Хуссар Ирыстонæн радтыны фарст. Ногæй та хъусдард здæхт æрцыд, Гуырдзыстоны контролы бын уæвæг Скæсæйнаг Ирыстоны территоритыл цы ирон историон-культурон цырдзæвæнтæ ис, уыдон бавæрыны проблемæмæ. Уырдыгæй сырд ирон адæмы уыцы территоритæм нæ уадзынц. Ирон минæвæрттæ та ногæй æрсидтысты, Тырсыгомы цы ирон историон-архитектурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон бабæрæг кæнынæн æмæ саргъ кæнынæн экспертты уырдæм бауадзын.
Лигъдæтты проблемæты фæдыл ацы раунды рæстæджы дискусси уагъд не’рцыд. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй лигъдæтты проблемæты тематикæ барæй политизаци кæныны фæлварæнтæн кæрон куы ‘рцæуа, уæд æрыздæхдзысты ацы баныхæстæм.
Куысты кæрон раундæн хатдзæгтæ баконд æрцыд.
Дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæнис 2016 азы, июны.
Женевæ, 2016 азы 24 март