Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

3 марты уыдис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур архайæг Экспертон советы дыккæгæм рабадт. Экспертон советы куысты ма хайад райстой Цæгат Ирыстны-Аланийæ æрхонгæ эксперттæ – историон зонæдты доктор, профессор Дзидздзойты В.Д., историон зонæдты доктор, профессор Бзарты Р.С. æмæ Хозиты П.И.

Дыккаг рабадты рæстæджы Экспертон советы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой боны фæткы къорд актуалон фарстатыл, сæрмагондæй та Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны æмæ РХИ ном аивыны тыххæй РХИ Президенты инициативæйыл. Уымæй дарддæр ма фембæлды хайадисджытæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты ирон æвзаджы терминологион къамис саразын кæй хъæуы Министрады ахæм инициативæйы фарс æмæ райстой иумиаг хъусынгæнинаг.

Цхинвал, 2016 азы 4 март

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур архайаг Экспертон советы дыккæгæм рабадты хайадисджыты хъусынгæнинаг

 

Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Экспертон советы дыккæгæм рабадты хайадисджытæ, нæ зæрдыл ахæм факт даргæйæ, зæгъгæ, æхсæнады ныртæккæйæ рæзт баст у бæстæйы политикон æмæ экономикон уавæрты бындурон ивындзинæдтимæ. Уый фæстиуæгæн фæзынынц ног терминтæ, ивы æмæ активон кæны зæронд терминты нысаниуæг. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм ирон æвзаджы Терминологион къамис саразын. Лексикæ æвзаджы системæйы у иууыл æргомдæр, æмæ æппынæдзух ивгæ чи кæны, ахæм. Æмæ уый афтæ у ирон æвзаджы дæр. Ирон æвзаг цæттæ у æрбайсгæ терминты хион скæнынмæ. Уымæ гæсгæ ахæм къамис саразын у канд тынг бирæ нормативон-барадон документтæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæныны домынад нæ, фæлæ ма нырыккон ирон æвзаджы иумиаг лексикæйы, куыд æхсæнадон-политикон нысанмæздæхтдзинад рæзын кæнын домæн дæр.

 

04.03.2016