Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполаты интервью ИА «Рес»-æн

- Хуссар Ирыстоны цыппар æмбæстæджы Гуырдзыстоны ахæстæтты 11 аз фæбадгæйæ æрыздæхтысты сæ хæдзæрттæм. Цы куыст цыдис ацы азты дæргъы, цы архайд цыд нæ æмбæстæгты ссæрибар кæныны тыххæй?

- Æцæгæй дæр, не’мбæстæгтæ 11 зын азы арвыстой гуырдзиаг ахæстæтты. Уыцы азты дæргъы, æнæзакъононæй ахст кæй сты, Хуссар Ирыстон уый кой кодта, домдта, цæмæй сæ ссæрибар кæной. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ æдзухдæр ацы фарст æвæрдтой куыд Æмхæццæ контролон къамис форматы, афтæ æндæр æмвæзадтыл дæр. Фæлæ гуырдзиаг фарсы æнæконструктивон позици æмæ политикон нæ, фæлæ гуманитарон характер кæмæн ис, уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ сæ æдзæттæдзинады тыххæй ацы фарсты ницы размæцыд уыдис. Ацы ран мæ фæнды æрымысын Хуссар Ирыстоны æмбæстагон секторы минæвæртты архайд, фыццаджыдæр Козаты Лирæйы куыст. Уыдон бирæ куыстой ацы фадыджы æмæ сын арæх æнтысти Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон структурæтæй фылдæр, сæйраджыдæр, сæ куысты гъæд æнæпаддзахадон кæй у, уый фæрцы. Сæрмагондæй, уыдон æххуыс кодтой ахæстæтты хиуæтты фембæлдтæн Гуырдзыстоны официалон адæймæгтимæ æмæ хиуæтты ныстуантæ Гуырдзыстоны паддзахадон органтæм адæттынæн.

- Æхсæнадæмон фæзуæтты – Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы æмæ Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл Механизмты фæлгæтты, цыран хайад исынц Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, бирæ хæттыты æвæрд цыд æнæзакъонон æгъдауæй азымджынгонд æмæ Гуырдзыстоны ахæстæтты бадæг хуссаирыстойнаг æмбæстæгты фарст. Цæй бæрц бандæвта ацы куыст æрцæугæ цаутыл?

- Раст бафиппайдтат, хуссарирыстойнаг делегаци Женевæйаг дискусситы регулярон æгъдауæй кæй æвæрдта ахæстæтты фарст, уый. Иттæг ахсджиаг у, цæмæй ахæм фарстатæ æхсæнадæмон форматы æвæрд цæуой, уый уыдон Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг æмæ актуалон кæй сты, ууыл дзурæг у. Растдæр Женевæйы, кулуарон ныхæсты рæстæджы, мах фыццаг хатт федтам ацы фарста аскъуыддзаг кæныны перспективæ, кæцы фæстæдæр хаст æрцыди практикон реализацийы фæзмæ. Уый тыххæй мæ фæнды хицæн бузныджы ныхæстæ зæгъын Женевæйаг дискусситы коллегæтæн, æмæ стыр аргъ скæнын ацы хаххыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын æмæ Уæлвæткон минæвар Республикæ Абхазы Боциты Олегы баконд куыстæн.

- Казбулат Иналы фырт, Ды дæхæдæг сæрмагондæй истай хайад хуссарирыстойнаг æмбæстæгты Абхазы куы ивтой, уыцы, историон цау суæвæг процессы. Цы æнкъарæнтæ æвзæрстай уыцы момент?

- Уыцы бонæн ферохгæнæн нæй. Нæ лæппуты Гуырдзыстонæй цы микроавтобусыл æрбаластой, уый дуар куы бакодтон, æмæ сын куы загътон, сæрибар кæй сты, уый, уæд нæдæр дзургæ исты скодтой, нæдæр змæлгæ фæкодтой, уымæн æмæ сæ нæ бауырныдта мæ ныхас. Уæд ма сын æй иу хатт сфæлхатт кодтон, æмæ уыцы рæстæджы мæ зæрдæйы тугтæ тагъди. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ тыхст сын æз дæр банкъардтон. Æмæ бынтон æнахуыр уавæр та уыдтæн, «йæ фырты фервæзын кæныны» тыххæй мын бузныг дзурæг мад куы хъæбыс кодта, уæд. Ацы æнкъарæнтæ мæ никуы ферох уыдзысты.

- Гуырдзыстоны æнæзакъононæй ахст Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæныны сæйраг куыст баконд æрцыд – не’мбæстæгтæ æрызæхтысты сæ райгуырæн бæстæмæ. Цы æххуыс сын бакæндзысты сæ реабилитацийы хъуыддаджы?

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты фондæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады фондæй ссæрибаргонд æмбæстæгтæн ныридæгæн хицæн æрцыд æхцайы фæрæзтæ. Лæппутæ сты сæ хиуæтты æхсæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, растдæр хиуæтты цур иттæг тагъд се’муд æрцæудзысты. Фæлæ сын кæд исты проблемæтæ фæзына æмæ сæ конкретон хъуыддæгты бахъæуа Президент кæнæ Хицауады æххуыс, уæд сын баконд æрцæудзæн. Алкæмæ дæр сæ радтон мæхи сæрмагонд контакттæ, сæ бон у æмæ мæм бахатой цыфæнды фарсты фæдыл дæр.

- Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ ма цалæй бадынц Гуырдзыстоны ахæстæтты?

- Ивыны процессы рæстæджы нæм ницы информаци уыд Гуырдзыстоны ахæстæтты бадæг Хуссар Ирыстоны æндæр æмбæстæгты тыххæй. Фæлæ ныр массон информацийы фæрæзты фæзынд уыцы номхыгъд æнæххæст кæй уыд, уый тыххæй информаци. Махмæ абоны онг ахæм зонæнтæ нæй нæдæр хиуæттæй, нæдæр Гуырдзыстоны официалон хицауадæй. Не’мбæстæгтæй цалдæр нымад сты æбæрæгæй сæфтыл, фæлæ уый хицæн куысты здæхæн у.

 

17.03.2016