Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы телтæ.
Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы телы банысан кодта:
«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у нæ иумæйаг историйы уæлдай ахадгæ датæ. У кады, хæстон æмæ æмбæстагон хъæбатырдзинады бон. Уæд бирæнацион советон адæм фæрсæй- фæрстæм слæууыдысты
фашизмы ныхмæ æмæ равдыстой сæ лæджыхъæд.