Хурхæтæны мæйы 22-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райстой Бресты (Беларусь) ацæугæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Æппæтдунеон мысæн боны æмæ белоруссаг адæмы геноциды охыл мадзæлтты.
Хуссар Ирыстоны адæмы номæй мемориалон комплекс «Бресты гæнах- хъайтар»-ы Æнусон артмæ сæвæрдæуыд дидинтæ.