Нотæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Бендеры трагедийæ 31 азы рацыды охыл

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Бендеры трагедийæ 31 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ мæсæллæйы нотæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«1992 азы хурхæтæны мæйы 19-æм бон горæт Бендерæты цы трагикон цаутæ ‘рцыдысты, уыдон , æнустæм баззадысты Приднестровьейы историйы, куыд сæдæгай удтæ ахæссæг хæстон фыдракæнд.

Бирæ фыдæвзарæнтæм æнæкæсгæйæ, приднестровæгтæ фидарæй фæлæууыдысты, цæмæй сын сæ райгуырæн зæххыл сæрибарæй цæрыны бар уа. Æмæ абоны зын æхсæнадæмон уавæры Приднестроваг Молдаваг Республикæ, йæ зæххыл æдасдзинад æмæ сабырдзинад хъахъхъæнгæйæ, бирæ тыхтæ дæтты æппæтварсон размæдзыдæн.

Хуссар Ирыстоны адæм хорз зонынц сабыр царды аргъ æмæ приднестроваг æфсымæртимæ иумæ мысынц Бендеры трагедийы амæттæгты рухс ном».  

19.06.2023