Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй 31 азы рацыды цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ

Южная Осетия и Абхазия

Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй 31 азы рацыды цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ:

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Цæмæй хуссарирыстойнаг адæмæн сæ райгуырæн зæххыл сабырад æмæ сæрибардзинад уа, суверенон, дидинкал паддзахад сырæза, уыцы тохы фæндагыл иттæг ахсджиаг нысаниуæг уыд ацы документы райстæн.

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæ кæны йæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн æнтыстытæ, сабырад æмæ фæрныгады фæндиæгтимæ».

 

29.05.2023