Сириаг Араббаг Республикæ куы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уыцы цауæй рацыд 5 азы

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Сириаг Араббаг Республикæ куы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уыцы цауæй 5 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

2018 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон нæ паддзахады Хæдбардзинад банымайыны радон бæрæгбон нысан кæнгæйæ, ирон адæм райстой уæлдай зынаргъ лæвар: Сириаг Араббаг Республикæ банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет.

Хуссар Ирыстонæй дард уæвгæйæ, Сирийы адæм æмæ къухдариуæгад хæлардзинады къух кæй фæдаргъ кодтой, уый тыххæй  ирон адæм уæлдай бузныг сты. Уыцы бæрнон æмæ ныфсджын къахдзæф ноджы ирддæрæй равдыста, Сири рæстдзинадыл хæст кæй у, кæй тырны хæлардзинад хъахъхъæнынмæ, дипломатон ахастыты размæдзыдмæ.

Цытджын Министр, Хуссар Ирыстонæн æхсæнадæмон аренæйы Сири цы æххуыс кæны, уымæн аргъ кæнгæйæ, ныфс дарын, дыууæ паддзахады ‘хсæн политикон, социалон-экономикон æмæ культурон бастдзинæдты фидаркæнынад алыхатт дæр кæй цæудзæн нæ адæмы сæраппонд».

 

29.05.2023