Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй 31 азы рацыды цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ

Республика Южная Осетия и Донецкая Народная Республика

Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй 31 азы рацыды цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ:

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад райсыны, национ иудзинады æмæ хъысмæт хибарæй æвзарыны хъуыддаджы 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон ссис тынг ахсджиаг рæстæг. Тæссагдзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, Уæлдæр Совет сæххæст кодта адæмы фæндон æмæ уыцы иухуызонæй схъæлæс кодта паддзахадон хæдбардзинад расидыны Акты райсты тыххæй.

Ацы азты Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауадæн бантыст саразын демократон æмæ барадон паддзахад, сфидар кæнын социалон-экономикон размæдзыды курс æмæ хæларадон ахастытæ бирæ фæсарæйнаг бæстæтимæ.

Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæмæн æнæниздзинад, хæларад æмæ фæрныгады фæндиæгтимæ, уымæй дарддæр ма ног æнтыстытæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд».

29.05.2023