Archive

МИД Южной Осетии

Æртхъирæны мæйы 16-æм бон Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицы сæргълæудæй кусæгон балцимæ æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстонмæ. 

Делегацийы сконды: Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Одиссей Бигвава, Министры æххуысгæнæг Дмитрий Амичба, Стратегион æмгуыстады департаменты сæрдар Джемал Бганба, Финансон департаменты сæрдар Владимир Хашиг, Паддзахадон протоколы департаменты референт Саид Тарба. 

Æртхъирæны мæйы 10-æм бон видеоконференцийы хуызы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты советы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты советы 'хсæн Æмгуыстады фæдыл меморандумы бафыст. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы цур ÆДС-йы фарсæрдыгæй документ æрфыста Советы Сæрдар Санахъоты Алексей, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ФХъМ-йы цур ÆДС-йы фарсæрдыгæй – Советы Сæрдар Кирилл Шидловский. 

А.М. Джиоев и А.С. Плиев приняли участие в отчетной Коллегии МИД ПМР

Æртхъирæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Республикæ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан видеоконференцийы хуызы хайад райстой Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты, кæцы ацыд æддагполитикон уагдоны 2025 азы куысты фæдыл.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дунеон аренæйы Уæрæсейы дипломатийы бæрзонд æмвæзад абоны бон бирæбæрцæй у дæ номимæ баст. Æнæфæцудгæ традицитыл бындуриуæг кæнгæйæ, æхсæнадæмон барады нормæтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы æддагполитикон службæ дæ къухдариуæгады бын æнтысджынæй хъахъхъæны æхсæнадæмон аренæйы бæстæйы интерестæ, фæсарæйнаг партнертимæ кæны фæстиуæгджын куыст».

Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны хъусын кæны, Уæрæсейы Федерацийы территоримæ кæй нæй наркотикон зайæгой гармалайы (адыраспан) æмæ буарад гармин æрбаласын, афтæмæй ма æнæзакъонон æрзылды бар. Зайæгойы парахат, уый нымæцы интернеты дæр, у тобæгонд.

Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны, фæткхалджытæ кæй баййафдзысты карз æфхæрд ивар æмæ ахæстоны хуызы, фæсарæйнаг æмбæстæгтæ ма депортацигонд æрцæудзысты УФ-йы территорийæ. Зайæгой кæнæ буарады егъау парти кæмæ разына, уымæ та æнхъæлмæ кæсы ахæстон йæ царды кæронмæ, афтæмæй ма 1 милуан сомы онг ивар.

МИД Южной Осетии

Æртхъирæны мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады сæрдар Марко Дошлякы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл, афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æмгуыстады актуалон здæхтытыл.

МИД Южной Осетии

Æртхъирæны мæйы 3-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Коцты Константины фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузин æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицимæ.

Турчы ирæтты æхсæнад «Алан» дыккаг хатт ауагъта ирон хæринæгтæ аразыны курсытæ. Курсыты хайадисджыты ахуыр кодтой Турчы цæрæг ирон чызджытæ; æрбацæуын æмæ хайад райсын уыд алкæй бон дæр. Фыццаг къорд арæзтой уæлибыхтæ, дыккаг та – хъæбынтæ.

«Æнæдызæрдыгæй, тынг ахсджиаг у бæрæгбонтæ æмæ культурон мадзæлттæ аразын. Фæлæ мах Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы нымайæм, ахæм зонындзинæдтæ дарддæр дæттын ахсджиаг кæй у культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынæн», – банысан кодта Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъусаты Садреттин.

Южная Осетия и Науру

Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ, базарад æмæ финансты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1968 азы тъæнджы мæйы 31-æм бон паддзахадон суверенитеты райст ссис ахсджиаг цау, кæцы бындур æрæвæрдта Науруйы адæмы сæрибар размæдзыдæн. Ацы бон æвдисы хæдбардзинад æмæ национ иудзинадмæ тырнынад.

Показ сказки-мюзикла «Круто ты попал в сказку к нам»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар бабæрæг кодта аргъау-мюзикл «Круто ты попал в сказку к нам»-ы ногазон равдыст, кæцы бацæттæ кодтой Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутæ.

Скъола-интернаты директор Сланты Эллæ раарфæ кодта алкæмæндæр хæрзаудæн архайды тыххæй æмæ йæ зæрдæ загъта амонд, хæлардзинад æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ æрцæугæ азы.

2026 азы тъæнджы мæйы 23-æм бон

Ахсар Джиоев

Тъæнджы мæйы 21-æм бон «Sputnik Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци, кæцыйы сæйраг здæхт уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн паддзахадон арæны сæрты 14 азы кары онг æмбæстæгты ахизыны ног фæтктæ. Уыдонмæ гæсгæ, 2026 азы тъæнджы мæйы 26-æм бонæй фæстæмæ райгуырды тыххæй æвдисæндарæй нал ис уæрæсейаг паддзахадон арæны сæрты хизыны бар.