Тъæнджы мæйы 21-æм бон «Sputnik Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци, кæцыйы сæйраг здæхт уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн паддзахадон арæны сæрты 14 азы кары онг æмбæстæгты ахизыны ног фæтктæ. Уыдонмæ гæсгæ, 2026 азы тъæнджы мæйы 26-æм бонæй фæстæмæ райгуырды тыххæй æвдисæндарæй нал ис уæрæсейаг паддзахадон арæны сæрты хизыны бар.
Пресс-конференцийы рæстæджы ма Джиоты Æхсар æрдзырдта Сири æмæ Венесуэлæйы алыварс сæвзæргæ уавæры, куыд рæздзысты дарддæр Хуссар Ирыстоны ахастытæ ацы бæстæтимæ, афтæмæй ма ныры уавæрты Республикæйы æхсæнадæмон бастдзинæдты уæрæх кæныны фæдыл.
2026 азы тъæнджы мæйы 21-æм бон