Æртхъирæны мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады сæрдар Марко Дошлякы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл, афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æмгуыстады актуалон здæхтытыл.
Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз æмæ СДÆК-ы Минæварады Сæрдары Хæдивæг Болататы Ванда.
2026 азы æртхъирæны мæйы 4-æм бон