Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты зæрдылдарынæн

Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны хъусын кæны, Уæрæсейы Федерацийы территоримæ кæй нæй наркотикон зайæгой гармалайы (адыраспан) æмæ буарад гармин æрбаласын, афтæмæй ма æнæзакъонон æрзылды бар. Зайæгойы парахат, уый нымæцы интернеты дæр, у тобæгонд.

Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны, фæткхалджытæ кæй баййафдзысты карз æфхæрд ивар æмæ ахæстоны хуызы, фæсарæйнаг æмбæстæгтæ ма депортацигонд æрцæудзысты УФ-йы территорийæ. Зайæгой кæнæ буарады егъау парти кæмæ разына, уымæ та æнхъæлмæ кæсы ахæстон йæ царды кæронмæ, афтæмæй ма 1 милуан сомы онг ивар.

09.02.2026