Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы 25-æм раунды тыххæй
2013 азы 5-6 ноябры Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситы фæлгæтты Женевæйы уагъд цыдис радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ЕЦÆО, ИНО минæвæрттæ дæр. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.