Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

25 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæвæртты.

Фембæлды уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты дарддæры архайды фарстатыл.

Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Ян Мишкоц фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны йæ мисси кæй фæцис, уый тыххæй æмæ бузныг загъта Республикæйы Хицауадæн, Хуссар Ирыстоны сын сæ куыстæн æнæмæнгхъæуæг уавæртæ кæй сифтонг кодта, уыйтыххæй æмæ сын базонгæ кодта, йæ фæстæ уыцы куыст чи кæндзæнис, уыцы æхсин Налан Антмены.

Цхуырбаты Казбулат йæхи ‘рдыгæй фарс бузныг загъта Хуссар Ирыстоны территорийыл Сырх Дзуары Дунеон Комитеты ахадæн куысты тыххæй æмæ банысан кодта, ацы дунеон организациимæ дарддæр дæр æмкуысткæнынадмæ цæттæ кæй у, уый.

Цхинвал, 2015 азы 25 сентябрь

 

25.09.2015