2015 азы 1 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В. йæхимæ райста Днестргæрон Молдаваг Республикæйы делегацийы, кæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны ис официалон визиты.
Делегацийы сконды, йæ къухдариуæггæнæг ДМР Хицауады Сæрдары хæдивæг, ДМР Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг А.А. Кисничаны сæргълæудæй сты ДМР Æхсæнадон палатайы сæрдар Смирчинский æмæ ДМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты Управленийы ХРЦ бæстæты хъуыддæгты фæдыл хистæр А.П. Стецюк. Длегациимæ уыдис РХИ ДМР Официалон Минæварады Сæргълæууæг Коцты Е.Э.
Цыбыр ныхасты рæстæджы Цхуырбаты А.В. уазджытан раарфæ кодта Днестргæрон Молдаваг Республикæйы сырæзты 25 азы цытæн æмæ йæ фæндиæгтæ загъта, цæмæй сæм уа сабырад æмæ æфсымæрон Днестргæрон адæмы цард дарддæр дæр дидинæг кала.
Цхинвал, 2015 азы 1 сентябрь