Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 32-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 30 июнæй 1 июлмæ Женевайы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситы радон раунд. Уым хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Хуссрирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис Фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

Куыст цыдис дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстатыл. Æдадзинады кусæгон къорды, Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ бындуронæй хъусдард здæхт цыдис ахæм фарстатæм, цæмæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæна æмæ ифтонг цæуа регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад.

Хуссарирыстойнаг делегаци ногæй æрсидтис тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг дывæрсыг сразыдзинæдтыл куыст фæтагъддæр кæнынмæ, кæцытæн хъуамæ уа фидар æхсæнадæмон гарантитæ.

Дарддæр цыдис экспертон куыст дискусситы хайадисджыты иумиаг хъусынгæнинаджы текст æрæмных кæныныл, тыхæй ма спайда кæныны принцип къухты бафтын кæныны фæдыл.

Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ не сразы сты гуырдзиаг делегацийы бафæлвæрдтыл, регионы æдасдзинады фарстатæм æркæсой дывæрсыгæй хуссарирыстойнаг уæрæсейаг ахастытæм. Уый фæдыл банысан æрцыд. Зæгъгæ, хуссарирыстойнаг уæрæсейаг ахастытæ рæзынц æрæстдæр дунеон барадон бындурыл æмæ аххæстæй дзуапп дæттынц регионы æдасдзинад æмæ сабырады интерестæн.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны районы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, кæй дзы нæй серьезон инциденттæ æмæ, абаргæйæ, ситуаци кæй у стабилон. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй дестабилизацион архайдтыты фæдæздæхт, кæй пырх кæнынц хуссарирыстойнаг арæнон нысæнттæ, барæй кæй халынц арæныл ахизыны фæткойтæ, карздæр кæнынц проблемæты ахизæн пунктты алыварс информацион æдыгъдад. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ногæй зæрдыл æрлæууын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады бавдыстгонд хъуыды, цæмæй рæвналой иумиаг дывæрсыг куыстмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны делимитаци æмæ демаркацийы куыстытæм.

Дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы куысты нысанæйздæхт æмæ адарддæр кæныны пайдайы хъуыддаг, кæцы архайы Женевайы дискусситы фæлгæтты. Банысан æрцыдис инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы цур кæй кусы бастдзинады «тæвд хахх». Хорзыл нымад æрцыдис йæ эффективондзинад.

Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы минæвæрттæ сæ катайдзинад загътой регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинады сæраппонд, Гуырдзыстон НАТО-йы æфсæддон блокимæ интеграцимæ ног къахдзæфтæ кæй аразы æмæ Гуырдзыстоны территорийыл Цæгататлантикон альянсы инфраструктурон объекттæ кæй аразы, уый фæдыл. Гуырдзыстон НАТО-мæ йæхи кæй æввахс кæны, уый нæй гæнæн æмæ ма ‘взарын кæна тасдзинад Гуырдзыстон фидарæй лæуд кæй у æмæ йæ кæй нæ фæнды Хуссар Ирыстонимæ æмæ Абхазимæ тыхæй ма спайда кæныны документыл къухтæ ‘рфыссын æмæ дарддæр дæр кæй даутæ кæны суверенон паддзахадтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы территоритыл.

Гуырдзыстон ЕЦÆО Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «адæймаджы бартæ халыны» фæдыл цы доклад бавдыста, уый нымад æрцыдис, бынтондæр деструктивон, æнæобъективон æмæ тенденциозон къахдзæф чи у, ахæмыл. Куыд зыны, афтæмæй ацы политикон провокаци арæзт цыдис ахæм нысанæн, цæмæй дыууæ паддзахады равдисой зыгъуыммæгондæй æмæ бафæлварой, цæмæй сæ къухты бафта æхсæнадæмон изоляци сæ скæнын.

Гуырдзыстон БНО Генералон Ассамблеямæ радон хатт цы резолюци бавдыста лигъдонты проблемæты тыххæй, уый Женевайы дискусситы хайадисджытæ хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ банымадтой афтæ æмæ ацы проблемæйыл уынаффæ кæнын кæй у Женевайы сæ хайадисджытæн гæнæн кæм нæй, ахæмыл. Иумиагæй хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ цы фехъусынгæнинаг апарахат кодтой, уым нысан цæуы, зæгъгæ, лигъдонты проблемæйыл уынаффæ гæнæн уыдзæнис уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон йæ къух сиса ацы проблемæ хæдаразгæ политизаци кæныныл.

Хуссрирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ Гуырдзыстоны æмæ йæ европæйаг партнерты архайд банымадтой, бынтондæр райсæн кæмæн нæй, ахæмыл, уымæн æмæ спайда кодтой æппæт фадæттæй дæр, цæмæй ныхдуртæ æвæрд æрцæуой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы футболон командæтæ хайад ма райсой Венгрийы уагъд чи цæудзæн, уыцы европæйаг ConIFA-йы.

Лæмбынæгæй дзырд цыдис гуманитарон фарстатыл, кæцыты ахсджиаг бынат лæвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтис æмæ Гуырдзыстоны æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, уыдоны хъысмæты фæдыл. Хуссайраг делегаци ногæй зæрдыл æрлæууын кодта Президент Тыбылты Л.Х. фæндон, цæмæй æркастæуа Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй тæрхон кæуыл æрцыдис, уыдон кæрæдзийыл баивыны гæнæнты тыххæй, афтæ ма ныфсдзинад загъдæуыдис, зæгъгæ, Гуырдзыстоны хицауад бæрндзинад равдисдзæнис æбæрæгæй чи фесæфтис, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнынмæ.

Хуссар Ирыстойнаг хайадисджытæ та ногæй рæвæрдтой фарст, цæмæй Гуырдзыстон фæстæмæ раздаха культурон æргъæдтæ. Уыдон презентаци скодтой Хуссар Ирыстоны музейæ æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чии с, уыцы уникалон триптих.

Раунды кæрон цыбыртæй фæстиуджтæ арæзт æрцыдысты раундæн.

Женевайы радон фембæлд нысангонд цæуы 2015 азы октябры.

Женева, 2015 азы 2 июль

 

02.07.2015