Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. йæхимæ райста Днестргæрон Молдаваг Республикæйы делегацийы. Йæ сæргъ лæууыдис ДМР Хицауады Сæрдары хæдивæг, ДМР Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг А.А. Кисничан, кæцы официалон визитимæ уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Фембæлды уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.

Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Президент Е.В. Шевчукы номæй днестргæройнаг делегацийы сæргълæууæг Александр Кисничан Президент Тыбылты Л.Х. схорзæхджын кодта ДМР паддзахадон хорзæх «Сгуыхтдзинæдты тыххæй» I къæпхæны орденæй æмæ йæм радта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Се ‘хсæн цыдис ныхас, кæцыйы рæстæджы Тыбылты Л.Х. уазджытæн раарфæ кодта Днестргæрон Молдаваг Республикæйы сырæзты 25 азы цытæн æмæ днестргæрон адæмæн загъта сабырдзинады, æнтыстыты æмæ дидинрафтыды фæндиæгтæ.

Президент Тыбылты Л.Х. делегацийы минæвæрттæн радта стыр ирон поэт, драматург, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155 азы цытæн кæй рауагъдæуыдис, уыцы æвзист монетатæ.

Цхинвал, 2015 азы 2 сентябрь

 

02.09.2015