2015 азы 18 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. фембæлдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И., Уæрæсейы Фдерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæвар Гасситы З.Н.,Абхазы Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны МинæварБоциты О.И. æмæ Дзæуæджыхъæуы Консулон агент Санахъоты М.Б.
Фембæлды паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Республикæйы дипломатон корпус цы бæстæты ис, уым сæхи хъуамæ равдисой бæрзонд æмвæзадыл, цæмæй фидар æмæ рæзын кæной нæ бæстæты ‘хсæн цы традицион хæлардзинад ис, уый.
Минæвæрттæ Президентæн сæхи рады радзырдтой, цы бæстæты сты, уым цы æттагон-политикон архайд æххæст кæнынц, уый тыххæй.
Тыбылты Л.Х. банысан кодта, фембæлдтыты ахæм формат пайда кæй у æмæ йæ фæндондзинад загъта, ахæм фембæлдтытæ фæдфæдылон æгъдауæй уадзыны тыххæй.
Цхинвал,2015 азы 18 август