Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

8 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстонмæ кусæгон визиты ‘рцыдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевайы дискусситы хайадисджытимæ фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой дыууæ кусæгон къордæн æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл Женевайы дискусситы ацы аз 6-7 октябры плангонд чи цæуы, уыцы 33-æм раунды боны фæткыл.

Хуссарирыстойнаг фарс сæрмагонд хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл æдасдзинады сферæйы ситуацимæ, уымæн æмæ фæстаг рæстæджы фæарæхдæр сты, гуырдзыстойнаг хицауад барæй цы æндыгъдады провокацитæ аразы арæнгæрон зонайы, уыдонмæ.

Уый фæдыл бафидар æрцыдис инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны Механизмтимæ æдзухон æмкуысткæнынады актуалондзинад, сæрмагондæй та арæныл инциденттæ оперативонæй æрбæстон кæнынæн.

Хуссарирыстойнаг фарс йæ катайдзинад загъта, НАТО Кърцъанисы (Гуырдзыстон) цы æфсæддон-ахуыргæнæн центр байгом кодта, уый фæдыл, кæцыйæн аргъгонд цæуы, куыд регионы æдасдзинад серьезонæй дестабилизацигæнæг фактор, афтæ.

Уый фæдыл банысан æрцыдис, юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы ахсджиагдзинадыл кусын фæактивондæр кæнын, кæцы хъуамæ уа Гуырдзыстон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй не спайда кæндзæнис, уый гарант, æмæ растдæр уый у иууыл ахсджиагдæр æрдзуринаг Женевайы дискусситы.

Уынаффæ ма цыдис гуманитарон характеры æндæр фарстатыл дæр.

Консультацитæ фæуыны фæстæ Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хицæуттимæ.

Визиты фæлгæтты уазджытæ уыдысты Национ музейы ног агъуысты æмæ уый фæстæ та фæуазæг сты Дзауы районмæ хуыздæр æй базоныны сæраппонд.

Цхинвал, 2015 азы 8 сентябрь

 

08.09.2015