Сообщения МИД РЮО

Archive

2014 азы 4 августы Федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинадмæ» æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицæн закъондæттынадон акттæм цы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты, уыдон уæрæсейаг æмбæстæгты хæсджын кæнынц, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстагдзинад æмæ сын рæстæгмæ цæрыны бар кæй ис кæнæ æндæр, æцæгдзинад чи ‘вдисы, цæрыны бары тыххæй, ахæм документ сæм кæй ис, уый тыххæй.

Санахъоты Дауыт Георгийы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2014 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй Санахъоты Дауыт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2014 азы 14 июль

 

2014 азы 1 августæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, уыдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ (фæсарæйнаг паспорттæ)саразын æмæ раттыны тыххæй æмбырд кæны документтæ. Документтæ фыццаг радыист цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æттæ чи ахуыр кæнынц, уыцы абитуриенттæ æмæ студенттæн УФ цы квотатæ радта, уыдонæй УФ уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдонæй.

2014 азы 15 июлы фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй уагъд æрцыдис Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыдис, октябры райдианмæ плангонд чи у, Женевæйы дискусситы уыцы 29-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Цалдæр азы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея исы, Гуырдзыстон кæй бавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдонты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис цæрынмæ, уыдон фæдыл резолюцийы проект. Азæй-азмæ фæлхатцæуæг документы тексты Гуырдзыстон фæлвары æмæ сзыгъуыммæгондæй фенын кæны æмæ бафидар кæны йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 28-æм раунды тыххæй

2014 азы 17-18 июны уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы Дунеон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО организациты минæвæрттæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.

3-4 июны Цхинвалы уыдис Паддзахад Эритреяйы делегаци, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Осман Салехы сæргълæудæй.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады лæмбынæг ныхæсты рæстæджы дыууæ фарсы дæр æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты перспективæтыл, политикон диалогы рæзт æмæ алыгъуызон къабæзты æмкуысткæнынады потенциалы фæдыл.

Бадзырдтæ ацыдысты кæрæдзийыл æууæндыны æмæ конструктивон уавæрты.

Ныхæсты фæстæ дыууæ фарсы дæр дзуаппытæ радтой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстытæн.

 

Цхинвал, 2014 азы 4 июнь

 

 

30 майы кæрæдзиимæ телефонæй ныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Давид æмæ Абхазы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вячеслав Чирикба.

Санахъоты Давид йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны сæ хъус лæмбынæгæй дарынц сæ хæлар Абхазы ситуаци куыд цæуы, уымæ. Уый ныфсдзинад загъта, зæгъгæ, абхазаг адæммæ цы стыр политикон куырыхондзинад ис, уый ратдзæн фадат хъуыддæгты цыд конституцион фæдæздæхтыл кæй акæндзысты æмæ кризис та скъуыддзаггонд кæй æрцæудзæнис политикон баныхæсты фæрцы сабыр амалæй.

2014 азы 20 майы Хуссар Ирыстон нысан кæны Мысæн æмæ хъынцъымы бон, 1992 азы, Зары хъæуыл цы уæлæмхас фæндаг цæуы, ууыл Гуырдзыстоны экстремисттæ фехстой Хуссарирыстойнаг лигъдæтты колоннæйы. Лигъдæттæн сæ фылдæр хайуыдысты сывæлæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Амардысты дзы 11 азæй 72 азы онг кары 33 адæймаджы, 16 та дзы фесты цæфтæ.

2014 азы 14 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалыфембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Ныхас кæныны рæстæджы уынаффæ цыдис, 2014 азы 17-18 июны чи хъуамæ уа, Женевæйы дискусситы уыцы радон 28-æм раундмæ бацæттæ кæныны фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынæттæм конкурсон равзæрстыты хайадисджытæй куырдиæттæ исыны ‘мгъуыд кæй фæуд кæны 2014 азы 23 майы.

Аныхас кæныны æмæ бацæуыны экзаментæй конд чи у, уыцы конкурсон фæлварæнтæ уагъд æрцæудзысты 2014 азы 11-12 июны.

Уæлæмхас зонæнтæ райсыны тыххæй бацæуын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ ахæм адресыл: Сталины уынг, 18, Хицауады хæдзар, 3-æм æттæгуæлæ, тел.: 45-22-43.

Цхинвал, 2014 азы 13 май

 

5 майы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредес Торреальбайы.

Фембæлды рæстæджы Минæвар Министры хæстæ æххæстгæнæгмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ. Санахъоты Давид Хуан Висентейæн раарфæ кодта, ахæм бæрзонд бынаты йæ кæй снысан кодтой, уый цытæн, загъта йын æнтысджын куысты фæндиæгтæ æмæ ныфс бавæрдта Республикæ Венесуэлайы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ рæзын кæныны сæраппонд активон куыст кæй кæндзысты, уый тыххæй.