Цалдæр азы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея исы, Гуырдзыстон кæй бавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдонты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис цæрынмæ, уыдон фæдыл резолюцийы проект. Азæй-азмæ фæлхатцæуæг документы тексты Гуырдзыстон фæлвары æмæ сзыгъуыммæгондæй фенын кæны æмæ бафидар кæны йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.
2014 азы июны БНО ГА лигъдæттæ æмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис цæрынмæ, уыдон тыххæй Гуырдзыстон БНО Генералон Ассамблеймæ кæй барвыста, уый ницæмæй хицæн кæны БНО ГА раздæр кæй барвыста, уыдон тексттæй, дзырд цæуы рæстгмæ иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ чи ацыдис, уыдон æмæ сæ фæстагæтты Гуырдзыстоны æппæт территорийы, уыцы нымæцы Абхазмæ æмæ Хуссар Ирыстонмæ сæ хæдзæрттæм раздæхыны тыххæй.
Дунеон æмæхсæнадыл фæтыхджындæргондæй кæй хъары, уыцы резолюциты текстты ницы дзырд цæуы уый тыххæй æмæ уыцы лигъдонтæ æмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты, цæрынмæ, уый комкоммæ дæр баст кæй у Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонимæ æмæ Абхазимæ цы хæстытæ райдыдта, уыдонимæ. Ницы дзы зæгъдæуы уый тыххæй дæр æмæ сæдæ мин иронæй фылдæр сæ бынæттæй кæй лыгъдысты Гуырдзыстоны территорийæ этниконæй сæ асыгъдæг кæнынæй тæрсгæйæ, кæй лыгъдысты æмæ хибаауонгæнæн Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы территоритыл кæй ссардтой æмæ ма дзы фæстæмæ рæздæхын, æрмæстдæр, иугай адæймæгтæй дарддæр, кæй никæйуал къухты бафтыдис.
Резолюцийы ма ницы дзырдæуы уый тыххæй дæр æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хицауадтæ сæхи сæрмагонд инициативæйæ сæ æдзухон цæрæн бынæттæм кæй раздæхтой дæсгай мин гуырдзиаг лигъдонты. Гуырдзыстон цы резолюцийы текст бавдыста, уым хынцыдгонд нæ цæуынц, канд сæвзæргæ политикон реалитæ, сæрмагондæй та ахæм уавæр æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæй сты хæдбар паддзахадтæ, уый нæ, фæлæ ма бæлвырд кæны уый дæр æмæ Гуырдзыстонмæ бынтондæр кæй нæй вазыгджын гуманитарон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл мадзæлттæ ссарыны фæндондзинад дæр.
Бынтон ирдæй зыны уый æмæ Гуырдзыстон азæй-азмæ кæй хъары, уыцы резолюцийæн йæ бон кæй нæу æмæ ахъаз кæна Гуырдзыстонæй, Хуссар Ирыстонæй æмæ Абхазæй лигъдонты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн кæй ницы ахъаз кæны. Уый нæ, фæлæ ма æвæрццагæй æндавы Женевæйы дискусситы цыдыл дæр, кæцытæ дарддæр дæр сты иунæг ахæм бынат, кæцыйы Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстонæн ис уæвæг проблемæтыл, уыцы нымæцы лигъдонты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ ацæуæг адæймæгты проблемæтыл æруынаффæ кæныны фадат.
Лигъдонты проблемæтæ скъуыддзаг кæныны сæйраг не сты дипломатон сайæн митæ æмæ пропагандистон эффект сæвзæрынкæныны нысанæн арæзт резолюцитæ, фæлæ конфронтацион хъуыддæгтæй иуварс алæууын, тыхæй ма спайда кæнын, фæлæ Гуырдзыстон иуæрдыгæй фарс æмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон иннæ ‘рдыгæй фарс кæй хъуамæ саразой, уыцы сабырадон бадзырдтытæ.
Лигъдонты проблемæтæ политизаци кæнын Женевæйы дискусситы фæлгæтты халы ацы къабазы куыст. Гуырдзыстон лигъдонты æмæ рæстæгмæ æндæр ранмæ чи ацыдысты, уыдон уавæры тыххæй фарстытыл уынаффæ хуыздæрыл нымайы ахæм авторитетон дунеон органы, цахæм у БНО Генералон Ассамблея, уæд Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз дæр фидарæй домынц, цæмæй ацы проблемæйыл уынаффæ кæныны рæстæджы хайад исой БНО куысты. Цалынмæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны фæсчъылдым политикон хъазтытæ цæуой лигъдонты тыххæй, уæдмæ Женевæйы дискусситы фæлгæтты ууыл уынаффæ кæнынæн ницахæм хъуыды нæ уыдзæнис.
Женевæ, 2014 азы 18 июнь