Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2014 азы 20 майы Хуссар Ирыстон нысан кæны Мысæн æмæ хъынцъымы бон, 1992 азы, Зары хъæуыл цы уæлæмхас фæндаг цæуы, ууыл Гуырдзыстоны экстремисттæ фехстой Хуссарирыстойнаг лигъдæтты колоннæйы. Лигъдæттæн сæ фылдæр хайуыдысты сывæлæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Амардысты дзы 11 азæй 72 азы онг кары 33 адæймаджы, 16 та дзы фесты цæфтæ.

Традицимæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Зары хъæумæ ‘ввахс мемориал «Хъынцъымгæнæг мад»-ы цур уагъд æрцыдис митинг. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ дæр. Митингы æрæмысыдысты, канд зары трагедийы амæттæгты нæмттæ нæ, фæлæ ма скад кодтой гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы мард чи фесты, сæ цард сæ Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинады сæраппонд тохы чи радта, уыдонæн дæр.

 

Цхинвал, 2014 азы, 20 май

 

06.06.2014