Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

5 майы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредес Торреальбайы.

Фембæлды рæстæджы Минæвар Министры хæстæ æххæстгæнæгмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ. Санахъоты Давид Хуан Висентейæн раарфæ кодта, ахæм бæрзонд бынаты йæ кæй снысан кодтой, уый цытæн, загъта йын æнтысджын куысты фæндиæгтæ æмæ ныфс бавæрдта Республикæ Венесуэлайы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ рæзын кæныны сæраппонд активон куыст кæй кæндзысты, уый тыххæй.

Йæхи рады Минæвар йæ цæттæдзинад загъта, æппæт тыхтæ дæр кæй аздахдзæнис къухты бафтгæ æнтыстыты æмвæзад дарддæр дæр бахъахъхъæнынмæ, æмархайд æмæ æнгом æмкуысткæнынад æппæтфарсонæй фидар кæнынмæ.

 

Цхинвал, 2014 азы 5 май

 

16.05.2014