Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 28-æм раунды тыххæй
2014 азы 17-18 июны уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы Дунеон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО организациты минæвæрттæ.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.
Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ дискусситы хайадисджытæн информаци радтой, 8 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ цы æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты, уыдон тыххæй, кæцытæ уагъд æрцыдысты дунеон стандарты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.
Дискусситы хайадисджытæн ма фехъусын кодтой Украинайы хуссар-скæсæн хайы цауты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы катайдзинады тыххæй дæр.
Фембæлды сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис, Гуырдзыстон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ныхмæ тыхæй цæмæй ма спайда кæна, уыцы фарстытæм, афтæ ма Фæскавказы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынмæ дæр.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ тыхстдзинад загътой Гуырдзыстон НАТО-мæ бацæуынмæ йæ быцъынæг кæй скъуыны, уый тыххæй æмæ гæнæн кæй ис, æмткæй регионы уавæр куы февзæрдæр уа, уымæн. Фарст æвæрд цæуы, цæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæуа Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хæсджынгæнæг сразыдзинады юридикон документыл кусынмæ æмæ æхсæнкъахдзæф та хъуамæ суа уый æмæ дискусситы æппæт хайадисджытæ дæр сразы уой, тыхæй ма спайда кæныны фарсхæцынады принциптæм гæсгæ иумиаг хъусынгæнинаджы текстыл. Ацы проектыл куыст цæуы ныр цалдæр раунды дæргъы.
Хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны районы æдасдзинады фарстыл уынаффæ кæнгæйæ, дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой, абаргæйæ, дзы ситуаци кæй у стабилон æмæ инциденттæм хъус æрдарыны æмæ сæ аиуварс кæныны механизм та эффективондæр. Уыцы иу рæстæджы ма банысан æрцыдис гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй дестабилизацион архайды фæдæздæхт, арæны алварс хъæуты интерестæй спекуляци кæныны хъуыддаг.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ та Гуырдзыстоны хицауиуæгадæн ногæй сæ зæрдыл æрлæууын кодтой цæмæй иумæ æрæвналой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацимæ æмæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæм та – ацы куыст æрбæстон кæныны хъуыддаг сифтонг кæныны слæууой æхсæны лæгæй.
Æдасдзинады æмæ гуманитарон ситуаци, куыд иумиаг ситуацийы хай, афтæ æвæрд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæг сæфт чи фæкодта, уыдон агурыны куыст фæактивондæр кæнынмæ æмæ Хуссар Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй ахæстæтты чи сты, уыдон кæрæдзийыл баивыны хъуыддаг.
2014 азы 5 июны лигъдæтты тыххæй Гуырдзыстон кæй бацæттæ кодта æмæ бавдыста, уыцы Резолюци БНО Генералон Ассамблея кæй райста, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы делегацитæ Женевæйы дискусситы рапарахат кодтой иумиаг хъусынгæнинаг, кæцыйы нысангонд цæуы Гуырдзыстоны архайды деструктивондзинад, кæцы азæй-азмæ БНО Генералон Ассамблейы сессимæ хаста лигъдонты проблемæ æмæ уымæй арæзт цыдис Женевæйы дискусситы йыл æруынаффæ кæныны фадат кæй нал ис, уый. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз дунеон барадмæ гæсгæ цæттæ кæй сты лигъдонты фарстатыл уынаффæ кæныны хайад исынмæ, афтæ ма ацы проблемæйы фæдыл БНО сæ позицитæ йæм фæхæццæ кæныны сæраппонд сæ минæвæрттæ арвитынмæ.
Гуырдзыстоны делегаци цы деструктивон позици бацахста, уый фæстиуæгæн фадат нал ис, канд гуманитарон характеры фарстатыл дарддæр уынаффæ кæнынæн нæ, фæлæ ма æркодта уымæ дæр æмæ Женевæйы дискусситы 28-æм раунды кæрон æрцыдис йæ рабадтытæн дæр.
Женевæйы дискусситы радон раунд ауадзын нысан цæуы 2014 азы октябры.
Женевæ, 2014 азы 19 июнь